Цхинвалы изоляторæй Гуырдзыстоны æртæ æмбæстаг ссæрибар кодтой
Абон, изæры, Эргнеты постыл, гуырдзиаг полицæмæ ахст 3 æмбæстаг
раттой. Ныртæккæ уыдон Шида Картлийы регионалон полицæйы агъуыстмæ
бакодтой фарста кæнынмæ.
Сабаты, Къаспы муниципалитеты Божамы хъæумæ ‘ввахс территорийыл,
Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ 4 æмбæстаджы æрцахстой,
уыдонæй сæ иу уыдис 14-аздзыд æнахъом. Уый дыккаг боны, 8-æм
декабры изæры ссæрибар кодтой, иннæ æртæ гоймаджы та, абон, 10-æм
декабры рауагътой. Уыдонæй алкæйдæр фæаххосджын кодтой, а.х. арæныл
æнæзакъононæй ахизын.
Ивар бафидыны фæстæ сæрибаргонд æрцыдысты Божамы хъæуы цæрджытæ,
Гамхиташвили Эмзар æмæ Мераб, афтæ-ма, сæрибаргонд æрцыд Ламисхъаны
цæрæг Заридзе Эмзар дæр. Дэ-факто Республикæйы æдасдзинады кусджытæ
ахстытæн сæ хырхгæнæн аппараттæ дæр фæстæмæ раттой.
სტატიის გამოყენების პირობები