Шиндисы хъайтарты мемориалы æфсады кусджытæ хъахъхъæндзысты
10-æм ноябрæй, Шиндисы хъайтарты мемориалы хихъахъхъæнынады
министрады фыццаг фистæгон бригадæйы æфсады кусджытæ
бахъахъхъæндзысты.
Ай фæдыл информаци Шида Картлийы губернаторы администраци парахат
кæны. Уыдоны информацимæ гæсгæ, æмбæлон консултацитæ Шида Картлийы
губернийы аппараты æмæ хихъахъхъæнынады министрады хсæн ныридæгæн
фесты.
Нысангонд фарстæйыл уагдæтты хсæн бадзырд цалдæр къуырийы размæ,
мемориалы ныппырх кæныны факты фæстæ райдыдта.
10-æм ноябры, Шида Картлийы губернатор, Ходжеванишвили Гиорги æмæ
хихъахъхъæнынады министрады фыццаг фистæгон бригадæйы сæргълæууæг,
полковник Дзнеладзе Ролланд Шиндисы дæр уыдысты æмæ хъайтарты
мемориалмæ дидинджытæ бахастой.
სტატიის გამოყენების პირობები