Рацæуыны размæ сын стыр бузныг загътон æмæ сæ хатыр дæр ракуырдтон,
мæн тыххæй кæй батыхстысты, уый тыххæй», - фехъусын кодта дохтыр
Гаприндашвили Важа брифингыл.
Уый журналисттимæ ныхас кодта, уый фæдыл, куыд бахаудта дихгæнæнг
хаххы иннæ фарсмæ: куыд æй æрцахстой, кæдæм æй акодтой, цы ахаст æм
дардтой, цы информацийы иста ахæстоны бадыны рæстæджы æмæ фæстагмæ
куыд фæци йæ ахæстдзинад.
«Стыр бузныг зæгъын алкæмæн дæр, цъус тыхсгæ дæр кæнын, уымæн æмæ
ахæм æхсæнадон рацыдтыл ахуыр нæ дæн. Стыр бузныг зæгъын алкæмæн
дæр, æххуысы тыххæй. Хаттæй-хатт иу мæ къухы бафтыд гуырдзиаг
каналтæм бакасын, фæлæ уый дæр æрмæст фыццаг каналмæ, æрмæст уыцы
уый ахста. Зыдтон æй, цæмæй мын æххуыс уыдаид, фæлæ уыййас æххуысмæ
не ‘нхъæлмæ кастæн. Куыд æнхъæл уыдтæн, уымæй бирæ хатт фылдæр
уыди», - ацы ныхæстæй райдыдта дохтыр йæ рацыд брифингыл.
Фарстæйæн, куыд æй æрцахстой, Гаприндашвили Важа дзуапп ратта: «Мæ
рынчыны мæ фæндыдис бабæрæг кæнын, хъыгагæн ын йæ мыггаг нæ
зæгъдзынæн. Куы мæ æрцахстой, уæд сын уым загътон, цæмæй мæ
аргъуаны фенын кæй фæндыд Монастеры хъæуы. Хъæугæронмæ æввахс мæ
æрцахстой уырыссаг арæнгæстæ. Фыццаг бонæй мæ позици уыдис, цæмæй
æз нæ фехæлдтон арæн. Æз бирæ бæстæты уыдтæн, зонын арæныл ахизын
цы нысан кæны, уырыссаг арæнгæстæн дæр уый загътон, цæмæй æз кæй
дæн Гуырдзыстоны оккупацигонд территорийыл Уæрæсейы ‘рдыгæй», -
фехъусын кодта дохтыр.
Уыцы фактмæ та цы хауы, уымæй, цæмæй, уырыссаг арæнгæсты ‘рдыгæй
ахст дохтырæн дэ-факто республикæйы президент Бибылты Анатоли
ныххатыр кодта, зæгъгæ, Гаприндашвили Важа зæгъы:
«Ныххатыр кæныны фæдыл курдиат æз знон изæры ныффыстон. Ныххатыры
тыххæй куы уыдис ныхас, уæд сын æз загътон, зæгъын, ныххатыр кæнын
уый нысан кæны, æмæ æз кæй сæттын мæ фыдракæндыл, фæлæ æз разы нæ
дæн ууыл, загътон сын æз. Цæй æмæ дам, афтæ ныффыссæм, цæмæй
басастдзинад нысангонд ма уæд. Иунæг-иу хицæндзинæд уый уыд, æмæ æз
уыдтæн иу минæм ахæст, æмбæлдис мæм туристон балцы цыд», - загъта
дохтыр.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, фыццаг цыппар боны уый бадтис арæнгæсты
«капезейы»:
«Уыдыстæм цыппарæй, карцеры (ныккæнды) æртæ боны арвыстон. Тæрхоны
фæстæ мæ ракодтой тæрхондоны изолятормæ. Иубынатон ранмæ мæ
бакодтой, æрмæст-иу мæ ракодтой тезгъо кæнынмæ. Сæ ахастдзинад уыди
нормалон. Агресси нæ уыди мæнырдæм. Мемæ ма дыууæйæ уыдысты æмæ
уыдон дæр тынг мæсты кодтой уырыссæгты архайдыл», - загъта
Гаприндашвили Важа.
Уæрæсейы оккупацион тыхты ‘рдыгæй 9-æм ноябры ахст дохтыр,
Гаприндашвили Важайы 28-æм декабры ссæрибар кодтой.
Хуссар Ирыстоны дэ-факто республикæйы бынæттон дзыллон информацийы
бæрæггæнæнмæ гæсгæ, дохтырæн дэ-факто республикæйы президент,
Бибылты Анатоли ныххатыр кодта.
«Гаприндашвили Важа сæрибар у. Ныртæккæ сæйраг у уый. Гаприндашвили
Важайы абон райсомæй кæй хъуамæ ссæрибар кодтаиккой, уый æрмæстдæр
зыдтам мах æмæ уымæн лæууыдтæн иунæгæй, райсомы 10 сахатыл уадзæн
пункты цур. Комкоммæ йæ дзурын æмæ рæстдзинад зæгъын: нæдæр æй
хицауад зыдта, цæмæй абон Гаприндашвили Важайы ссæрибар кæндзысты,
æмæ йæ нæдæр йæ бинонтæ зыдтой. Зыдтам æй æрмæстдæр мах: æз æмæ
Давит Тархан-Моурав», - фехъусын кодта 28-æм декабры Патриотты
Альянсы лидер Инашвили Ирма.
Инашвили Ирмайы ныхасмæ гæсгæ, хицауад уæд сактивон, Ергнетмæ куы
ныццыдис:
«Ергнеты полицæйы æмкусджытæн загътон, цæмæй мæ хионмæ æнхъæлмæ
кæсын æмæ куыддæр машинæты федтаиккой, афтæ мын фехъусын
кодтаиккой. Пункты цурмæ мæ бацыды фæстæ, сактивон сты хицауад æмæ
йæ структурæтæ æмæ машинæ машинæйы фæдыл цыдис. Раст иуæндæс
сахатæй дыууадæсæй дыууын минуты рацыды онг нæ каналтæй истон
информаци, цæмæй Гаприндашвили Важа сæрибар у, зæгъгæ, æмæ æнхъæлмæ
кастæн йемæ фембæлынмæ, æниу æдасдзинады куыстуат Важайы афтæ тагъд
ракодта Ергнетæй æмæ мын салам зæгъын дæр нæ бантыст, уайтагъд æй
уырдыгæй фæтары кодтой. Фæлæ уыйхыгъд, Гуры регионалон полицæйы
йемæ фембæлдысты хицауады минæвæрттæ, «Европæйаг Гуырдзыстоны лидер
Бакрадзе Давит, кæцы, æвæццæгæн, Гаприндашвилийы тыххæй бирæ
«бакуыста» æмæ интервьютæ дæр бæркадджынæй уæрста», - банысан кодта
Инашвили Ирма.
«Нæ зонын, чи цы фыссы, кæнæ цы нæ фыссы кæнæ рафысс-бафысс кæны,
сæйраг у уый æмæ лæг ног азы йæ хæдзары сымбæлдзæн, æз зонын
конкретонæй абоны бонæн, мах цы сарæзтам æмæ æвзæр у, æрмæст
нымадмæ исын нæ фæлæ нысангонд дæр кæй нæ цæуы. Æмæ ноджы
фылдæрдæр, Бакрадзе Давиты полицæмæ хонынц, цæмæй Важа
Гаприндашвилийыл фембæла æмæ йын йе ‘ссæрибары тыххæй раарфæ кæна,
æмæ мæнæн та полицæйы дуар æхгæнынц, кæцыйы бар уыдонæн нæдæр ис.
Ницы кæны, хуыцау уæлейæ ис. Арфæ кæнын алкæмæндæр ацы хорз боны
фæдыл. Иннæ хабæртты тыххæй уын æндæр хатт радзурдзынæн. Æнæхъæн
æхсæв нæ фынæй кодтон», - загъта Инашвили Ирма.
50-боны ахсты фæстæ, 28-æм декабры, Гаприндашвили Важайы
премьер-министры Гахариа Гиоргийы уынаффæгæнæг Чиковани Иракли
бабæрæг кодта.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг бонæй, куыддæр райдыдта Гаприндашвили
Важайы æнæзакъонон ахæст, мах паддзахадон куыстуæттæ уыдыстæм
иугонд, нæ алы æхсæнадæмон хæлæрттимæ, æхсæнадæмон институци уыдис
ацы темæйы хайадисæг æмæ кæй зæгъын æй хъæуы уыдон æххуысæй æмæ
уыцы координацион куысты, кæцы паддзахадон структурæты уыд, æмæ ацы
фæстиуæг райстам. Ам мæ фæнды ноджы бахахх кæнон уый, цæмæй махæн
уыдис тынг интенссивон коммуникаци бинонтимæ æмæ бинонтæ æдзухæй
уыдысты информацигонд уыцы архæйдты фæдыл, кæцы мах арæзтам. Ацы
фæстиуæг уыд алкæмæндæр æхсызгондзинад æмæ арфæйаг, цæмæй Важа ног
аз арвитдзæн йæ бинонтимæ иумæ. Мах ‘рдыгæй ма ноджы иу хатт зæгъын
уый, цæмæй ахæм мобилизацигонд æмæ координацион куыст куы цыд
Гаприндашвили Важайы ссæрибар кæныны тыххæй, æмбæлдис ныл политикон
тыхтæ æви политикон фигурæтæ, кæцытæ тырныдтой капитализацимæ æмæ
зæгъæн ис паддзахад ницы арæзта уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы
ахæм ахаст нæу раст, æнæраст позиционирад æмæ ноджы иу хатт
сфæлхатт кæндзынæн, мах кæй сарæзтам максималон мобилизаци, куыд
бынæттон ресурсы, афтæ æхсæнадæмон партниорты», - фехъусын кодта
Чиковани Иракли.«Бынæттон ирон цæрджыты æрвитгæ хæринæгтæй хордтон.
Æз ахæстоны хæринæгтæй нæ истон.
სტატიის გამოყენების პირობები