Лигъдæтты, экомигрантты æмæ цардуагон уавæрты ифтонгады агентад
хъæуты хæдзæрттæ балхæндзæн ноджы 401 лигъдон бинонтæн.
Лигъдæтты фарстæтыл кусæг къамис 700-йæ фылдæр курдиат, æрцæрæнуаты
критеритæм гæсгæ, æркасти æмæ 401 хæдзары балхæныны тыххæй æвæрццæг
уынаффæ рахаста.
«Хъæуы хæдзары» проекты фæлгæтты, лигъдон бинонтæ сæхæдæг æвзарынц
хæдзар зæххы фадыгимæ иумæ, Гуырдзыстоны кæцыфæнды регионы. Кæд
критеритæй æххæст цæуой, уæд агентад лигъдон бинонтæн уыцы хæдзары
балхæндзæнис. Суммæйы бæрцад бинонты уæнгтæм гæсгæйæ нымад
цæуы:
Бинонтæ кæцы уыдзæн конд 1 кæнæ 2 уæнгæй – 17000 лари;
Бинонтæ кæцы уыдзæн конд 3 уæнгæй – 21000 лари;
Бинонтæ кæцы уыдзæн конд 4 уæнгæй – 23000 лари;
Бинонтæ кæцы уыдзæн конд 5 уæнгæй – 26000 лари, фæлæ бинонтæ куы
уой фондзæй фылдæр, уæд алы уæнджы тыххæй 26000 ларимæ 3000 лари
бафтдзæн.
Гæнæн уыдзæн, цæмæй цæрæнуаты фæзуат æлхæд æрцæуа лигъдоны æмæ
министрады æмфинансадæй.
Лигъдон бинонтæ цæмæй хæдзар сывзарой уый тыххæй сын лæвæрд цæуы
æртæ мæйы æмгъуыд. Лигъдон бинонты ‘рдыгæй сывзаргæ цæрæнуаты
базарадон æргъады сбæлвырд кæныны тыххæй экспертизæ уагъд
æрцæудзæн.
Æрмæст 2019 азы, паддзахад лигъдон бинонтæн балхæдта 1050 хæдзары.
Æдæппæт, «Хъæуы хæдзары» проекты фæлгæтты, 4000-ы онг лигъдон
бинонтæ райстой хæдзæрттæ.
სტატიის გამოყენების პირობები