Карелы муниципалитеты Абисы хъæуæй Абанойы хъæуы онг фæндаг
асфалтгонд æрцæудзæн. Ай тыххæй тендеры мериа расидт.
Проекты аргъ æдæппæтæй у 1 милуан ларийы. Фæндаджы реабилитацимæ
конкретонæй хауы Абисы-Сацихуры-Абанойы хъæуты фæндаджы (скъолæйы
онг) фадыг.
«Проектон фæндаджы фадыг цæуы Абисы хъæуæй Сацихуры хъæуы онг
(скъолæйы онг). Райдайдзæн уым уæвæг лыстæг хуыркалд фæндагæй
(цæрæгджын пунктæй Абисы хъæуæй) æмæ фæуыдзæн Сацихуры хъæуы
скъолæйы цур. Проектон фæндаг ма ноджы цæуы æдзæрæгджын фадгуытыл
дæр. Уæвæг æмбæндты, электротелты, газуадзæн хæтæлты æмæ кабелтæм
гæсгæйæ проектон сæмæн максималонæй афтæ уагъд æрцыд, цæмæй ма
бахъыгдардтаид иунæг коммуникацион арæзты æмæ сæрмагонд исбонады»,
- нысан кæнынц мерийы.
სტატიის გამოყენების პირობები