«Гуырдзыстон, у æппæты хуыздæр бынат, цыран гæнæн ис æмæ уыдаин ацы
зын рæстæджы», - загъта Евроцæдисы минæвар, Карл Гарцел
видеохъусинаджы. Уый аргъ кæны ковид-19-ы ныхмæ, Гуырдзыстоны
эффектон тыхархайдæн æмæ сиды алкæмæ дæр, цæмæй аудой
кæрæдзийыл.
Кæс текст:
Дæ бон хорз, еныр æз уемæ хæдзарæй ныхас кæнын. Абон æцæгæйдæр
æнæпрецедентон период у, куыд Гуырдзыстонæн, афтæ æппæт дунейæн.
Корна вирусæй расайгæ пандеми дунейы йæ сæрыл систа. Ацы расайдыл
хуымæтæг дзуапп нæй. Мах, Евроцæдисы бæстæты минæвæрттæ, ай
æвæццæгæн иннæтæй хуыздæр зонæм – Италийæ, æмæ Испанийæ райст
бæрæггæнæнтæ амæн бæлвырдгæнæнтæ сты.
Ацы контексты мæн фæнды раарфæ кæнон Гуырдзыстоны хицауадæн раст
фæндаг кæй сывзæрста, кæцы рагон æмæ активон архайды равдыста.
Афтæ-ма, мæ фæнды бузныг зæгъын Гуырдзыстоны цæрджытæн, кæцытæ йæ
фарс хæцынц хицауады ахæм уынаффæтæн æмæ бæрндзинадæй кæй æххæст
кæны хисæрмагонд хæсты вирусы хæлукæнынады æруромынæн.
Фæнды мæ спайда кæнон ацы гæнæндзинад æмæ мæ зæрдæйы цин равдисон
медицинон къабазы кусджыты ‘рдæм, дохтырты, медицинон хоты,
барадхъахъхъæнджыты, арæнгæсты æмæ ацы уыцы адæймаджы рдæм, кæцы
ацы бонты æнæбафæллайгæйæ фыдæбон кæны æмбæстæгты æдасдзинадæн. Ацы
кризис æрмæст адæмæгты æнæниздзинадмæ нæ хауы, фæлæ ма, хауы ноджы
экономикæйы кризисы расайдмæ. Мæнæн стыр цыт у, бакусон æндæр
æхсæнадæмон партнертимæ иумæ – Гуырдзыстоны хицауады къухдариуæгæй
– хъæугæдзинæдты æмæ сомбоны фæндæгтыл рацæуынæн.
Евроцæдис Гуырдзыстоны фарсмæ лæууы. Евроцæдис Гуырдзыстоны æппæтæй
егъаудæр донор æмæ æппæтæй фидардæр партнер у æмæ ай фидæны дæр
адарддæр уыдзæн. Мах æнхъæлмæ кæсæм специалон мадзæлтты райсынмæ,
экономикæйы, бизнесы æмæ æхсæнады æппæты лæмæгъдæр къордæн баххуыс
кæнынæн. Ай æнæмæнгæй иттæг дæргъвæтин процесс уыдзæн, фæлæ ацы
процессы иумæ уыдзыстæм.
Ай у рæстæг, цæмæй мах кæрæдзийыл хъуамæ аудæм. Мæнмæ афтæ кæсы,
æмæ Гуырдзыстон у, æппæты хуыздæр бынат, цыран гæнæн ис æмæ уыдаин
ацы зын рæстæджы. Уæхи бахъахъхъæнут æмæ адарддæр кæнут иумæйаг
тыхархайд. Стыр бузныг.
სტატიის გამოყენების პირობები