«Кæмæндæриддæр йе ‘нæниздзинад къух нæ амоны, уый баззайæд хæдзары,
цалынмæ не сдзæбæх уа уæдмæ, фæлæ аргъуаны адæймæгты ‘хсæн дæрддзæг
хъуамæ уа 2-метры, кæрты та, - 1, 5 метры.
Ай тыххæй цæуы æрлæууæн бынæтты снысан кæнын æмæ аргъуанты
радифицирад», - нысангонд ис патрирхон хъусинаджы, кæцы 25-æм
мартъийы рапарахат ис.
Егъау æмбырдтæ сæрæй аиуварс кæнынæн сауджынтæ бар дæттынц
мревлитæн, цæмæй аргъуыды бонтæ адих кæной куырийы æндæр æмæ æндæр
бонтыл.
Аргъуанты, уæлдайдæр чысыл Зомасы, дины лæггадгæнджытæ,
гæнæндзинадмæ гæсгæйæ, хъуамæ аргъуыд сæххæст кæной гом арвы
бын.
«Ног коронавирусы тыххæй ныртæккæ уæвæг ситуаци, куыд зæгъынц,
афтæмæй, ноджы фæкарздæр уыдзæн. Иуæй-иу информацион фæрæзтæ та
уавæры афтæ равдыстой, æмæ нæм æвзæры ахæм хъуыды, цыма специалонæй
цæттæгонд цæуы æхсæнадон хъуыды, цæмæй сомбоны сырæзгæ гæнæнуæвæг
проблемæты аххосагæн аргъуан расидой, уымæ æнæгæсгæйæ, растдæр
аргъуан тырны, максималонæй бахъахъхъæна паддзахады æмæ уыдон
æхсæн, Низфæзындты контролы национ центры ‘рдыгæй сфидаргонд
æдасдзинады нормæты», - нысангонд цæуы хъусинаджы.
სტატიის გამოყენების პირობები