Къодайы лигъдæтты цæрæнуаты цæрæг Кавтариа Дареджан йæхи сæрмагонд
къулабайæ райсгæ æхцатæй æндæр æмæ æндæр хуыз продукттæ балхæдта
æмæ сæ лигъдон цæрджытæн байуæрста.
«Цафон æхцайыл дзырд у, адæмæн хæринаг куы нæй», - загъта уый
продуктты исынмæ бацæуæг æмбæстæгтæн.
Дареджан Цхинвалæй у лигъдон æмæ 2008 азы августы хæсты фæстæ
Къодайы лигъдæтты цæрæнуаты цæры. Уымæн йæ иунæг æфтиаг у сыхы цы
чысыл продукты магазин байгом кодта уый.
Цæрæнуаты цæрæг йæ сыхаг, уый дæр 2008 азы августы хæсты рæстæджы
лигъдон, Беруашвили Мариам социалон хызы фыссы:
«2008 азы августы хæсты фæстиуæгæн лигъдон Кавтариа Дареджан,
Къодайы лигъдæтты цæрæнуаты æмбисонды хъуыддæгтæ аразы. Йæхи
сæрмагонд къулабайæ райсгæ æхцайæ æндæр æмæ æндæр продукттæ
балхæдта æмæ сæ бынтон æнæхцайæ æмбæстæгтæн байуæрста. Дареджанæн
сыхы йæхи сæрмагонд чысыл магазин ис, æндæр æм никуыцæй ницы æфтиаг
цæуы, уымæ æнæгæсгæйæ уый зæрдиагæй, зæрдæхæларæй æххуыс кæны æндæр
бинонтæн. Ахæм адæймæгтæ куы уой Гуырдзыстоны, уæд нын нæдæр
коронавирус æмæ нæдæр хæст исты ракæндзæн», - фыссы социалон хызы
Беруашвили Мариам.
Qartli.ge-имæ ныхасгæнгæйæ Кавтариа Дареджан загъта, зæгъгæ, тынг
æфсæрмы кæны æмæ ацы фарстæйы фæдыл ныртæккæ ницы зæгъдзæн.
სტატიის გამოყენების პირობები