31-æм мартъийæ Гуырдзыстоны æппæтон карантин расидтысты. Изæры 21
сахатæй райсом 6 сахатмæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн хæдзарæй æддæмæ
рацæуын тобæгонд у. Ай тыххæй сæрмагонд брифингыл премьер-министр
Гахариа Гиорги 30-æм мартъийы фехъусын кодта.
Комендантон сахаты периоды гоймæгты дыууæрдæм цыд контролы сæххæст
кæныны нысанæй арæзт æрцыд контролон пункттæ æндæр æмæ æндæр
горæтты, уыдон æхсæн, Гуры дæр.
Премьер-министры, Гахариа Гиоргийы хъусинагмæ гæсгæ, коронавирусæй
инфицирты динамикæ катайаг у.
«Абон нæм ис 3 цау, кæцыйы равзæрæны никуыд бæлвырд кæнæм.
Хъыгагæн, аимæ иумæ ма нын ис ахæм цау, æмæ медицинон сферæйы кусæг
у инфициргонд. Куыд зыны афтæмæй, бирæ æмбæстагæн нæу æмбæрстгонд
уæвæг рисктæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах нæ партнер бæстæтæн мæсæллæй
кæнæм. Нырма мах контроль кæнæм ситуацийы æмæ нырма æвдисæг тынг
катайаг нæу æндæр бæстæтимæ абаргæйæ», - загъта Гахариа.
Карантин деталонæй нысан кæны:
• Æххæстæй тобæгонд цæуы цахæмфæнды типы æхсæнадон транспортæй (се
‘хсæн метройæ) змæлын, куыд горæтты æмæ муниципалитетты мидæгæй,
афтæ - горæтты ‘хсæн.
• Уагъд уыдзæн æрмæстдæр рог хæдтулгæтыл (уыдон æхсæн такситыл)
цæуын, æрмæстдæр уыцы цауы, кæд æххæстгонд уыдзæн æнæниздзинад
хъахъхъæды министрады рекомендаци æмæ автомобилы уыдзæн æрмæст 3
адæймаг, уыдон æхсæн, æрмæстдæр уыцы цауы, кæд дыууæ адæймаг
баддзæн фæстаг бадæныл. Уый у иттæг нысаниуæгджын рекомендаци,
кæцыйы æнæсæххæсты цауы, æмбæлон паддзахадон органтæ райсдзысты
аккаг уынаффæтæ.
• Афтæма, бæлццæтты ласыны бар уыдзæн æрмæстдæр стратегион
нысаниуæджы объектты æмкусджыты организацигондæй æмæ æдасæй ласыны
нысанæн.
• Тобæгонд цæуы 3-йæ фылдæр адæймаджы æмбырд, хæлцадон продуктты
магазин-тæй æмæ афтектæй дарддæр, цыран æнæмæнгхъæугæ у, дыууæ
метры социалон дистанийы уаг æххæст кæнын.
• Афтæма, хицауады барлæвæрдæй амалиуæгадты куысты фæтк хицæнæй
уыдзæн фыст æмæ сын уыдзæн хицæн протоколтæ, æнæниздзинад
хъахъхъæды министрадимæ бадзырдæй. Мах ай аразæм уый тыххæй, цæмæй
экономикæ адарддæр кæна кусын æмæ уыцы потенциалы, кæцы ис
Гуырдзыстоны экономикæйæн, бынтон урæд ма рцæуа, уый тыххæй.
Афтæ-ма, кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй, цæмæй не ‘мбæстæгтæ
максималонæй бахъахъхъæной сæ куысты бынæттæ.
• Фæтобæ уыдзæн 70 азæй хистæрдæр æмбæстæгтæн дуармæ рацæуын уыцы
цаутæй дарддæр, кæд уыдон фæцæуынц æввахсдæр продуктон дуканитæм,
хæстæг афтектæм кæнæ медицинон уагдонмæ.
• Уыцы цауы, кæд æмæ 70 азæй хистæрдæр æмбæстæгтæ, иунæг сты, уæд
æнæниздзинад хъахъхъæды æмæ экономикæйы министрадтæ, афтæ-ма,
бынæттон муниципалитеттæ, хæсджын сты ахæм æмбæстæгтæн баххуыс
кæной.
• Сегасæй нысаниуæгджын – сæрмагонд уавæры æмгъуыдæй хъуыстгонд
цæуы фактонæй æххæст карантин. 21:00 сахатæй тобæгонд цæуы куыд
фистæгæй, афтæ – транспортон фæрæзтæй горæтты мидæг æмæ бæстæйы
масштабæй змæлд, райсомы 06:00 сахатмæ. Ноджы иу хатт банысан
кæндзынæн æмæ фактонæй ай кæй нысан кæны бæстæйы масштабæй, 21:00
сахатæй райсомы 06:00 сахатмæ, хъуыстгонд цæуы а.х. коменданты
сахат.
სტატიის გამოყენების პირობები