Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Эргнеты хъæуы цæрæг Члачидзе Лиа абон
сындзтелгæрæны иннæ фарс баззайгæ уæлмæрдмæ бацыдис, куадзæны айк,
паска æмæ цырæгътæ бахаста уырдæм æмæ мæрдтæн Чырыстийы куадзæн
раарфæ кодта.
Уæлмæрды цурмæ бацæугæйæ йын йæ ныв уырыссаг æфсæддон телефонæй
систа.
Члачидзе Лиайы ныхасмæ гæсгæ, уый традицийыл ацы аз дæр нæ рацыд
сайдæй æмæ сындзтелгæрæны иннæ фарс баззайгæ уæлмæрдмæ бацыдис.
«Æнахуыр сабыр уыд оккупацион хаххы цур, Covid-19 бынтондæр
ныссабыр кодта Эргнеты. Адæм æмбаргæ цæстæй кæсынц ацы уавæрмæ æмæ
лæмбынæгæй æххæст кæнынц специалон уагæвæрды рекомендациты.
Традицийыл нæдæр ацы аз рацыдтæн сайдæй ... оккупанттæ дæр мæм
цымыдисæй, æнæсыбырттæй сæ цæст дардтой Чырысти алкæмæн дæр райгас!
Иннæфарсæрдыгæй баззайгæ нæ мæрдты номарæн æнæферохгæнгæ уæд», -
фыссы Члачидзе Лиа.
Члачидзе Лиа райгуырдис Цхинвалы горæты. Каст фæцис Хуссар Ирыстоны
паддзахадон педагогон институты истори-филологийы факультет.
2004-2008 азты уыди гуырдзиаг-ирон конфликты æрбæстон кæныны
æмхæццæ контролон къамисы журналист ОБСЕ-йы эгидæй. 2006-2008 азты
Хуссар Ирыстоны рæстæгмæ администрацийы æмбæстагон интеграцийы
уагдоны хистæрæй. Ныртæккæ Члачидзе Лиа Гуры муниципалитеты
сакребулойы уæнг у.
Члачидзе Лиайы инициативæй 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны августы
хæсты 9 азы сæрмæ, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Эргнеты хъæуы «2008 азы
августы музей» байгомис.
Музейы, кæцы хæсты рæстæджы аирвæзгæ хæдзары ныккæнды ис æмæ цыран
хæсты æвдисæг фотоæрмæг æмæ оккупацигонд хъæутæй æрхæсгæ дзаумæттæ
ис æвдыст.
2008 азы августы хæсты рæстæджы æппæтæй фылдæр Эргнеты хъæу фæзиан
кодта. Цхинвалы фарсмæ уæвæг ацы чысыл хъæутæм æрбацæуæг мородертæ,
хæдзæртты 90 %-ы нырма фæдавтой æмæ сæ уый фæстæ басыгътой. Хъæуы
баззайгæ цалдæр адæймаг та мæрдтæм барвыстой. Ныппырх ис хъæуы
инфраструктурæ æмæ хæсты фæстæ Эргнетмæ ‘рбаздæхгæ цæрджытæ
æнæхъæнæй ницыуал æрбаййæфтой.
2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны августы хæст Гуырдзыстоны
хихъахъхъæнынады министрады 170 кусæг, Мидхъуыддæгты министрады 14
æмкусæг æмæ 224 æмбæстагон гоймаг бабын кодта.
სტატიის გამოყენების პირობები