20-æм майы дэ-факто Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады куыстуат рапарахат
кодта бæрæггæнæн уый фæдыл, цæмæй дихгæнæг хаххы цур æнæзакъононæй
змæлы тагъд медицинон æххуысы машинæ. Агентад «Ресы» ‘рдыгæй
рапарахатгонд статийы нысангонд ис, цæмæй æмбæстæгтæй биологион
анализ исынц, зæгъгæ.
Цхинвалы «КГБ» тæрсы, цæмæй нысангонд машинæйæ дэ-факто Хуссар
Ирыстоны территорийыл коронавирусы апырх кæныныл архайынц, зæгъгæ.
Ноджы фылдæр дæр, Евроцæдисы Миссийы офицертимæ иумæ Private-йы
автомашинæты арæныл разынын комкоммæ баст у гуырдзиаг фарсы
пъланимæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл æрæмбырд кæна биологион
анализтæ...
«Ай тыххæй, сæйрагæй æддагон тасдзинад æвдисы Гуырдзыстонæй
республикæйы территорийыл тæссаг инфекци бахæссын», - дзырд цæуы
дэ-факто Æдасдзинады къамитеты хъусинаджы. Уый «Хуссар Ирыстоны»
цæрджытæм сиды, цæмæй сæ хъус æрдарой, æмбæстагон хиæмбарынад
равдисой æмæ ма сразы уой гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй бахатгæ медицинон
иртасæнты хайад райсыныл.
Дэ-факто Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы, Гуырдзыстоны Р.
Лугары номыл Æхсæнадон æнæниздзинад хъахъхъæды иртасæн центры
тыххæй, рапарахатгонд бæрæггæнæнтæ, Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы
архайд æнæдырысæй æмæ бынтон рæдыдæй равдыста. Ахæм дзуапп дæтты
Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси «Ресы» рапарахатгонд статийы. Миссийы
курдиатмæ гæсгæ, хъуыддаг 26-æм апрелы æрцæугæ фактмæ хауы.
Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси нысангонд статийы нымайы, куыд Миссийы
ныхмæ арæзт, специалон æмæ æбæрнон дезинформацийы ноджы иу дæнцæг
кæй у:
«26 æмæ 27-æм апрелы Мисси сдзуапп кодта тæвд хаххы активацитæн
«химашинæты тыххæй, кæцытæ уыдысты йæ патрултимæ иумæ. Дзуаппæн,
Мисси бамбарын кодта, куыд ам бамбарын кодта афтæ, цæмæй койгонд
машинæтæ кæй уыдысты тагъд æххуысы машинæтæ, зæгъгæ. Тагъд æххуысы
машинæтæ Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы патрултæн семæ цæуы Миссийы
саразыны бонæй. Уыдон развæлгъау æдасдзинады стандартон мадзал сты.
Не мгуыстдзинадыл аудыны хæсдзинады иу хай у, æмæ уыдон хъуамæ иумæ
цæуой Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы æмкусджытимæ, цæмæй бахъуыды
цауы, уыдонæн уайтагъд сæ бон бауа баххуыс кæнын, зæгъæм,
авто-фæндагон цауы рæстæджы. Ай уæлдай нысаниуæгджын у дæрддзæф
уæвæг бынæтты, цыран тагъд медицинон æххуысы райсын зынвадат у», -
нысангонд ис Миссийы хъусинаджы.
Миссийы минæвæрттæ категорионæй æмбарын кæнынц, цæмæй тагъд
медицинон æххуысы машинæ ирдæй бæрæг уыд. Сусæг змæлд нæ уыдис.
Патрулир кæнын уагъд æрцыд пъланмæ гæсгæ. Иунæг æмбæстагимæ дæр нæ
уыдис контакт. Ницыхуызон анализтæ уыд æрымбырдгонд æмæ нæдæр
хъавыдыстæм. Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси у Цæстдарæг Мисси. Уый
æрвыл бон дæр йæ цæст дары уавæрмæ, COVID пандемийы рæстæджы дæр.
Алкæцы фарс дæр, се ‘хсæн Хуссар Ирыстоны хайадисджытæ, зонынц ацы
фактты, кæцытæ уыдонæн бамбарын кодтой тæвд хаххы æххуысæй 26 æмæ
27-æм апрелы æмæ раздæр дæр бирæ азты дæргъы, зæгъæм, Инцидентты
превенцийы æмæ сыл реагир кæныны механизмы фембæлдтыл нырма ноджы
2014 азы.
«Гуырдзыстоны Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси æрвыл бон йæ цæст дары
ситуацимæ бынатыл Хуссар Ирыстоны административон арæнон хаххы
акомкоммæ. Нæ Мисси æдзухæй патрулир кæны пандемийы рæстæджы дæр.
Махæн нæ ахаст у бынтондæр сæрибар», - кæсæм хъусинаджы.
სტატიის გამოყენების პირობები