400-йæ фылдæр лигъдон бинонтæн фатер лæвæрд æрцæудзæн кæнæ йын цæрæн фæзуат закъонæй фидаргонд æрцæудзæн - Гахариа
Премьер-министры хъусинагмæ гæсгæ, Æнæниздзинад хъæхъæныны
министрад 400-йæ фылдæр лигъдон бинонтæн фатер ратдзæн, иннæ хайæн
та цæрæн фæзуаты закъонмæ гæсгæйæ сфидар кæндзæн.
Абон, хицауады рабадты райдайыны агъоммæ Гахариа Гиорги куыд
фехъусын кодта, афтæмæй, азы кæронмæ паддзахад æдæппæтæй 500
бинонтæн фатертæ ратдзæн:
"Абон 496 лигъдон бинонтæн Æнæниздзинад хъæхъæныны министрад ног
фатертæ ратдзæн кæнæ сын сæ цæрæн фæзуатты сфидар кæндзæн закъонæй.
Ай у ноджы иу размæ авæрд къахдзæф æмæ нысан кæны дарддæр
лигъдæттыл аудындзинады. Афæдзы кæронмæ æнгæс скъуыддзæгтæ ноджы
цалдæр уыдзæнис, кæцы хаудзæн 500 лигъдонмæ бæстæйы масштабæй", -
фехъусын кодта Гахариа.
სტატიის გამოყენების პირობები