Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, "Хæст алцыппæт дæр сфысдзæн"… реалондзинад
уæззау у æмæ тынг риссаг у. Сæфт территоритæ, сæфт цард, сыгъд
хæдзар, бынтондæр фæивгæ цардуаг æмæ адæймагæн æппæты сæйрагдæр –
байсгæ цæрæнбон. Ацы риссаг фæстиуджыты ферох кæнынæн дзæвгар азтæ
хъæуы.
Махæн, гуырдзиæгтæн райгуырæн бæстæйы уарзондзинады,
адæймагуарзондзинады æмæ уазæгуарзондзинады ничи бацамондзæн. Уый
дæр тынг хорз зонæм æмæ "мбарæм, æмæ райгуырæн бæстæйы кæй никæмæн
байсдзыстæм, фæлæ нæ сæрыл æртыхсгæ 8-æм август тыхдзинады,
æнæхæлардзинады, æнæсыхагдзинады ирд цæвиттон уыд.
Азтæ цæуынц, лигъдоны статус та, æндæрты æнгæсау, махæн Леуахигомæй
лигъдæттæн дæр цыма æнустæй баззад…
Ныхас кæнгæйæ, нæ зонгæйы æмæ хионы, хаттæй-хатт нал дæр фæхонæм
тамрашенаг, ачабеттаг, куртæйаг, ередаг, белоттаг, ванаттаг,
сацхенеттаг æмæ а.д., нал дæр цинæй æмæ нал дæр хъыгæй фæдзурæм нæ
хъуыдытæ кæрæдзийæн:
"Ацы сабаты, дам, Гогидзетæм чындзæхсæв ис, зæгъгæ", "Чъехы
къехура-фæткъуы цъупалгай æрзадис, зæгъгæ", "Змæстытæм æнæгæсгæйæ,
Куртайы уæддæр бирæ ирон бинонтæ цæры, зæгъгæ", "Хеиты, Хидашелитæ
стыр куывд аразынц, зæгъгæ", "Миндианты æмæ дам, Сверы дысон их
уыди, зæгъгæ", "Ибонты, дам, Уанаты бирæгъ ноджы федтой, зæгъгæ"
æмæ а.д.
Цадæггай мысинæгтæ фæтых сты нæ хъуыды æмæ нæ зондыл. Реалондзинад
нын ивгъуыды баззади, нæ хъуыдытæ сæнттимæ схæццæ сты, уымæн æмæ
нын уыдис нæхи хæдзæрттæ, нæхи цæхæрæдæттæ, сæндæттæ, дыргъдæттæ,
амондджын азтæ, чындзæхсæвтæ, куывдтæ, дзуарыбонтæ… ныр та, æрмæст
ма нын хъуыды æмæ фынтæ баззад, фын кæцы нын йæхи не "вдисы... æмæ,
æз, зæгъæм, арæх фæуынын, кæмдæр бакæсгæ æви кæмдæр фехъусгæ
æмдзæвгæйы рæнхъытæ:
"Æвзæр фын федтон æмæ мын æнцой нал дæтты ныр дыууæ боны…"
Махæн лигъдæттæн æнæзæгъгæ у нæ мæт, нæ зæгъинаг та – æгæрон у.
Цæй хъыгаг у, æмæ ацы æнæхъуаджы æнхъæлмæкаст дæр, хъуыдытæ дæр æмæ
сæнттæ дæр æгæронæй кæй дарддæр кæнынц…
Цыран нын цæрæн уавæртæ скодтой, уыцыран ныл хур раздæрау кæсы,
фæлæ – нæхирдыгонау нæ.
სტატიის გამოყენების პირობები