Гуры центры, америкаг хæстон бронетехникæ Гуры уынгты маршæй
рацыдис.
"Аккаг партнер 2020"-ы хайад райсынæн америкаг æфсæддон техникæ
науыл "Oცეან Fრეედომ" Вирджинийы порты Норфолкы терминалæй
Румынимæ, Констанцæйы портыл æрбахызт Гуырдзыстонмæ, Поты портмæ
æмæ науы равдæлоны фæстæ рæстæгмæ Сенакъы, II фистæг бригадæмæ
ахызти.
6-æм сентябры райсомæй та, америкаг хæстон бронетехникæйыл
"Страйкер" æмæ "Хамер" лоджистикон фарсхæцæг машинæтæй æмæ
артиллерийæ комплектгонд 9 æфсæддон конвой Сенакъæй Скæсæн
Гуырдзыстонырдæм, сæрмагондæй Вазианы ахуырты центрмæ, маршæй сахат
æмæ æрдæг цæудзысты.
"Аккаг партнер 2020" Вазианы, IV механизацигонд бригадæйы компактон
фæзуатыл официалонæй 7-æм сентябры байгом уыдзæнис. Гуырдзыстон
"Аккаг партнерæн" ныр фæндзæм хатт фысымиуæг кæны æмæ уым
Гуырдзыстоны, АИШ-ы, Иугонд паддзахады, Польшæйы æмæ Францы 2700-йæ
фылдæр æфсæддон адæймаг хайад райсдзæнис.
სტატიის გამოყენების პირობები