Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ а.х. бордеризацийы процесс
сног кодтой. Ай фæдыл Гур æмæ Къаспы мажоритар кандидат, иууон
национ змæлды минæвар Басишвили Бадри брифинг ауагъта.
Уый ныхасмæ гæсгæ, паддзахад бордеризацийы процессы æруромынæн
æппындæр ницы аразы:
«Фактивонæй хъæуы цæрджытæ бынтон æнæхъахъхъæд сты. Ацы фоныл та нæ
хицауады иунæг минæвæр дæр ацы рæстæгмæ ардæм не ‘рцыдис. Цы аразы
Фидыды æмæ æмбарады министрад? Цы аразы Гуры муниципалитеты мэр?
Уыдон абон ам хъуамæ лæууой æмæ бынæттон цæрджытæн æххуыс кæной,
фæлæ уый бæсты уыдон æвзарæджы тæрсыны æмæ балхæныны куыст
кæнынц.
Ам цæрæг цæрджытыл уæлдай аудын хъæуы. Раст уый тыххæй, сидын
централон æмæ бынæттон хицауадмæ, сидын æхсæнадæмон организацитæм
æмæ дипломатон корпусмæ, цæмæй бахатой Уæрæсейы хицауадмæ, æрурома
бордеризацийы процесс æмæ сæххæст кæна æхсæнадæмон бадзырды
хæсдзинæдтæ», - фехъусын кодта Басишвили Бадри.
სტატიის გამოყენების პირობები