Фæстаг 24 сахаты мидæг, Шида Картлийы 69 ног цау сбæлвырд ис.
Бæстæйы та – 1595 ног цауы.
Æдæппæт, регионы мидæг 364 инфициргонд ис. Бæстæйы масштабæй,
сынæниз ис 398 пациенты. Зиæнтты нымæц 6-æй фæфылдæр æмæ иумæйагæй
бæстæйы коронавирусы амæттаг баци 178 адæймаг.
«Абоны рабæрæг 1595 цауæй, Тбилисы ис 563 цауы, Ачъарайы – 389,
Имереты – 335, Квемо Картлийы – 77, Шида Картлийы – 69, Гуриайы –
53, Самегрело æмæ Земо Сванеты – 42, Къахеты – 17, Мцхета-Мтианеты
– 26, , Самцхе-Джауахеты – 24, Рачъа-Лечхумы æмæ Квемо Сванеты –
0», - ай тыххæй уагдæттыхсæны координацион советы уæвæг оперативон
штабы хистæры хæдивæг, Сичъинава Бердия фехъусын кодта.
Ацы этапыл, Гуырдзыстоны активон инфицирты цау у 12 007.
21-æм октябры боны фыццаг æмбисы бæрæггæнæнтæй, 3155 хос кæнынц
рынчындоны, уыдон æхсæн, Тбилисы рынчындæтты хос кæны 1584,
Ачъарайы та – 646.
Уæззау пацинт ис 381, се ‘хсæн, Тбилисы – 190, Ачъарайы – 79.
Адонæй, аразгæ улæфты аппараты лис 77 гоймаг, се ‘хсæны, Тбилисы –
48, Ачъарайы – 12.
1 848 гоймаг ис ковид-уазæгдоны, се ‘хсæны, 1144 – Ачъарайы, фæлæ
555 та – Тбилисы. 7164 гоймаг хос кæнынц хæдзары.
21-æм октябры боны фыццаг æмбисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, карантинон
тыгъдады 4408 адæймаг ис, хæдизоляцийы уæвы 23931 гоймаг.
სტატიის გამოყენების პირობები