Ног хабæрттæ
Дзæуджыхъæуæй Имерхеумæ – Кокойты Лери


Имерхеуы уазæгуаты уæвыны рæстæджы, сымахыл Кокойты Лери алы хатт дæр бынатыл сæмбæлдзæнис. Афтæ ‘рцыд цасдæр рæстæджы размæ дæр, Баны хъæуы цæрæг иунæг сылгоймаг – Тотраты Фаризетæмæ куы фæцæйцыдыстæм. Уæддæр æмæ уый фæстæ дæр, цæугæдон Гъуананы комы Лери не ‘мбæлццон бирæ хæттыты бацис. Æмæ алыхатт дæр йæ мæт уыдис, хæдзары йын рæсыдадæй низджын зæронд мад кæй уыдис.

Ацы аз дæр уыдыстæм Гъуананы комы. Имерхеуы Лерийы дæр бабарæг кодтам æмæ кæй зæгъын æй хъæуы йæ мады дæр. Лерийæн нал дæр йæ ныййарæг мад ис удæгас æмæ налдæр Тотраты Фаризетæ у удæгас. Дыууæ дæр ивгъуыд азы фæзиан сты.

Имерхеуы централон бынаты, хæрз чысыл æмæ зæронд хæдзар лæууы, цыран ныр Лери иунæгæй цæры. Ам фæзиан сты йæ мад æмæ йæ фыд, кæцытæ райгуырæн хæдзары 30 азы размæ, гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы, нæ ныууагътой. Æниу, кæй тарстысты уымæ гæсгæ, сæ иунæг 18 аздзыд хъæбулы Дзæуджыхъæумæ арвыстой сæ хæстæгмæ.



Лери Цæгат Ирыстоны æрмæст 6 мæйы бафæрæзта. Йæ ныййарджытæ сæ кары бацыдысты æмæ сæм хъусдард хъуыдис. Ай уыцы период у, хъæумæ фæндаг æппындæр куы нæ уал уыдис æмæ цæуын зын уыдис:

«Чысыл дзы фæдæн æмæ стæй фæстæмæ æрцыдтæн. Мæ ныййарджытæн мæны йеддæмæ æндæр хъæбул нæ уыдис, иу-цъус фæдæн æмæ стæй æрцыдтæн. Цыран мæ артдзæст уыд, уыцырдæм рацыдтæн, цы хæдзары схъомыл дæн, фæстæмæ уырдæм æрцыдтæн. Ам дæр сын хицау ничи уыдис, стæй дæр карджын уыдысты æмæ уый тыххæй рацыдтæн», - зæгъы Кокойты Лери.



Абон худæндзастæй уыцы хивæнддзинады æмæ хъæбатырдзинады кой кæны, кæцы уыцы периоды йæ фыд равдыста. Систематиконæй йæ джиз дардтой, уымæ æнæгæсгæйæ, Лерийы фыд уæддæр Гуырдзыстоны нæ ныууагъта, ничердæм ацыдис:

«Тæрсын æй кодтой, иу-дыууæ хатты йæ таксийæ дæр рыппæрстой, дзырдтой йын – «Цæмæннæ, дам, цæуыс ардыгæй?» Афтæ æмæ дам, уфтæ... хæцæнгарзæй дæр æм бартхъирæн кодтой, фæлæ уыйас бакодта, æмæ нæ ацыдис, баззади уæддæр. Нæ йæ фæндыди йæ хъæуæй искуыдæм ацыдаид», - кой кæны Лери.

Абон, Лери ныр иунæгæй куы баззади, уæд æй бафарстам, цæмæй, нæ фæсмон кæны йæ хъæумæ кæй æрыздæхти фæстæмæ æмæ 6 азы дæргъы, Цæгат Ирыстоны цы цард ссардта уый ныууадзыныл. Лерийы дзуапп уыдис, æппындæр кæй нæ фæсмон кæны:

«Æппындæр нæ фæсмон кæнын. Стæй цæмæн? Кæд арæзт æрцæудзæн инфраструктурæ, уæд-ма цæуыл хъуамæ фæсмон кæнон?» - дзуапп нын радта уый æмæ уыцы фæндаджырдæм акастис, кæцырдыгæй Имерхеуы фæндаг муниципалитеты центримæ, Карелы иу кæны.

Кокойты Лери æппæты сæрæй Имерхеуы 8-азон скъолæйы ахуыр кодта. Иуæй-иу фæстаг ахуырдзау уыдис, кæцы ацы 8-азон скъолæйы каст фæци:

«Хъæуы сабитæ дæр нал уыдис æмæ мæ рæстæджы скъолæйы дæр. Уый фæстæ скъолæ æхгæд æрцыд. Нæ уыдис уыйас сывæллæттæ. Алчидæр горæтырдæм цыдис, лыгъдысты горæтмæ цæрынмæ æмæ хъæуы адæм уыйас нал баззад, ахуырдзаутæ дзы нал уыдис æмæ фæстагмæ скъолæ дæр æхгæд æрцыди. Ме ‘мкарæнтæй – чи горæты ис, чи Гуырдзыстоны арæнты æдде ис, чи Дзæуджыхъæумæ ацыди», - дзуры нæ фысым.



Уый нæ цытимæ йæ цæрæн хæдзармæ фæхуыдта. Æнæхъæн бон къæвда кæй уарыдис, уымæ гæсгæ, хуыздæрыл банымадтам, цæмæй интервью хæдзары ныффыстаиккам. Йæ телевизор нæ кусы, растдæр уыдзæнис, нæ дзы пайда кæны, уымæн æмæ йæ антенæ каналты нæ ахсы (не ‘вдисы), тæбæгъ-антенæ балхæнын та йын нырма не ‘нтысы. Æмæ уый тыххæй, радио сиу кæнын аскъуыддзаг кодта:

«Радио дæр-иу хорз нæ ахсы уылæнты. Иуæй-иу хатт æвзæр боныхъæд куы вæййы, къæвда æмæ арв куы нæры, уæд бынтондæр ницы фæахсы. Афтæ, гъе, телевизоры нырма не ‘скусын кодтон, нæ кусы нырма. Проблемæтæ мын ис мæнæн дæр ацы царды, цæмæй балхæнон ацы тæбæгъ-антенæйы. Ацы тæбæгъ-антенæ балхæндзынæн æнæмæнгæй, пъланы мын ис уый, чизоны... цыдæртæ-цыдæртæ мын ис, цыдæр пълæнттæ æмæ сæ мæнмæ гæсгæ æвæццæгæн цъусгай-цъусгай сæххæст кæндзынæн».

Хæдзары иу къуымы йын газеттæ æмбырдгонд дæр ис. Уый арæх «Карелы моамбейы» фæкæсы, кæцыйы Карелы мэриа мыхуыр кæны. Иунæг-иу информацион мыхуырон фæрæз у уымæн, кæцыйæ уый муниципалитеты тыххæй информаци базоны.

«Картлийы ‘рдыгæй куы вæййын, уæд вариант нæ вæййы, цæмæй ма бацæуон æмæ газеттæ ма рахæссон. Байуарын-иу сæ хъæуы адæмæн дæр, æрбахæссын-иу алкæмæн дæр», - загъта нын Кокойты Лери.

«Ныртæккæ, Лери фосмæ зилы, кæцытæ йын уагъд сты хизæнуæттём. Схъомыл сæ кæны æмæ сæ стæй ауæй кæны æмæ зымæгмæ æндæр æмæ æндæр продукт балхæны. Зæгъы, цæмæй пандемийы тыххæй, фос уæй кæнын дæр фæзын ис.

«Коронайы ныхмæ мын дæттой æхсæз мæйы æххуыс, стæй та уый фæстæ дæр ноджы æхсæз мæйы уыдис. Стæй нал радтой. Фос, дам, дарыс, зæххытæ, дам, дæм ис æмæ дам... уый у сæ дзуапп».

Иу мæймæ, зæгъæн ис æмæ хъæу сафтид уыдзæн. Уыцы бинонтæ, кæцытæ сæрдыгон улæфтыты рæстæджы æрцыдысты, уыдон сентябрæй горæттæм афардæг уыдзысты.

«Ацы азы хæрзцъус адæм уыдис, октябрмæ йын ницы вæййы, фæлæ стæй тынг зын у, адæм дæр дзы нал вæййы æмæ хъæу дæр бынтон сафтид вæййы... . Уæлдайдæр та мит куы æруары, уæд тынг зын у. Алыварс иууылдæр урс адары. Зын у иу-фондз мæй. Зын вæййы иу-фондз мæйы, октябрæй – мартъийы онг, стæй апрелы мæйы йын ницыдæр вæййы, адæм-иу цæуын райдайынц, боныхъæд дæр фæхуыздæр вæййы æмæ адæймагæн дæр æхсызгон у цæрджытæ кæй ис хъæуы уый, кæм саби хъазы, кæм хъæлæба хъуысы æмæ зæрдæйæн дæр æхсызгон вæййы, кæй зæгъын æй хъæуы».


Print

სტატიის გამოყენების პირობები