Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Хурвалеттæгтæ хицауады ныхмæ акцийы ауадзын сындзджын телгæрæны цур план кæнынц
Бынæттон цæрджыты ныхасмæ гæсгæйæ, хъæуы центрæй скъолæйы онг 800 метры у.

Уыдон банысангонд фадыгы саразын домынц, уый тыххæй æмæ æндæр æмæ æндæр проекты æххæст кæныны рæстæджы, мидæгон фæндæгтæ фехæлынц бынтондæр, уæлдайдæр та, къæвдайы рæстæджы.

Арæзтадон компанийы минæвар та, зæгъы, цæмæй банысангонд фæндаджы дæргъ у 400 метры, кæцыйы бацалцæг кæнынæн хъæуы уæлæмхас суммæтæ æмæ сæрмагонд фæрæзтæй кæронмæ кæй не суыдзæн сæ бон йæ саразын.

Гуырдзыстоны хицауады рдыгæй рахицæнгонд суммæйæ «Фæндæгты арæзтады уагдон №1», автобанæй Хурвалеты хъæуы онг фæндаг сасфалткæнынæн хардз цæуы 1 милуан 855 000 ларийы.

Тендеры райдиан аргъ 2 милуан 210 мин ларийы уыди.

Компани тендеры рамбулыны тыххæй 355 000 ларийы къаддæр банысан кодта.

Тендерон документацимæ гæсгæ, кæд 5 километрон фадыг, 2 милуан 210000 ларийы уыди аргъгонд, уæд иу километры бацалцæг кæнынæн, астæуккагæй, 442 000 ларийы уыд нымадгонд.

Растдæр, уый тыххæй, бынæттон цæрджыты иу хай хъуыды кæны, цæмæй компани æмæ гамгеобайы ‘хсæн æрцыд бадзырд арæзт.

«Гамгеоба сæрæй хъуамæ ахъуыды кодтаит проекты мидæгон централон фæндаджы сасфалт кæнын дæр, уый тыххæй æмæ, тынг тыхсæм», - зæгъынц уыдон.

Цæй хардзыл æй фæкъаддæр кодта «Фæндæгты арæзтадон уагдон фыццаг номыр» райдайæны аргъ колосалонæй. Ай фæдыл, Шида Картлийы информацион центр дзуапп гамгеобайæ нырма нæ райста.

Уыди æви нæ проекты рæдыд æруагъд? Хæрдзты æгæрад? Уæдæ, цы расайдта тендеры компанийы рдыгæй, проектмæ абаргæйæ, къаддæр аргъ ныффыссын?

Ай фæдыл дзуаппытæ цæрджытæм дæр нæй. Уыдон нымайынц, цæмæй æвзæрстыты размæ лæвæрд ныфсытæ зайынц æнæххæстæй
.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.