Ног хабæрттæ
Пхвенисы баныфсæвæрд газификаци ныр дыккæгæм аз нæма зыны
Гуры муниципалитеты Пхвенисы хъæуы газификаци нæма райдыдта.

Арæзтадон компанийы фæзындмæ бынæттон цæрджытæ уалдзæджы кæроны æнхъæлмæ кастысты.

Пхвенисæгтæн мажоритар депутат æмæ гамгебел, баныфс æвæрдтой, хъæуы куы уыдысты уæд.

Бынæттон цæрæг, Бибилури Вахтанг та иннæ зымæгмæ иу машинæйы сугæн æхца хъуамæ æрæмбырд кæна 1000 лари.

«Доны æрбауадзын дæр нын баныфсæвæрдтой, фæлæ нæдæр дон зыны», - зæгъы Бибилури Вахтанг.

Пхвенисы хъæу дихгæнæг хаххмæ ввахс у, иу километры дæрддзæфмæ уыдзæни.

«Хæсты рæстæджы нæ хъæу дæр стыр зиан райста, ам дæр æркалдтой бомбæтæ, фæлæ нæ нæдæр нымайынц конфликты зонæйыл», - загъта мæстыйæ Бибилури Вахтанг.

Энергетикæйы министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Пхвенисы хъæуы газификацийы куыстытæ 2016-2017 азты хъуамæ райдыдтаиккой.


Print