Ног хабæрттæ
Кънолевы хоры тыллæг хæрзцъус æрзади
Дихгæнæг хаххмæ ввахс Кънолевы хъæуы мæнæуы æмæ хъæбæрхоры хуымтæ бафснайдтой.

Комбаинтæ бынæттон полицæйы æххуысæй бакуыстой. Бынæттон цæрæг, Цикубадзе Бадрийы бæрæггæнæнтæй, цы тыллæг æрзадмæ æнхъæлмæ кастысты уымæй бирæ къаддæр бæрцæй æрзади.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, уый аххосагæн, бынæттон цæрджытæ уалдзæджы уазæлтты æмæ сæрды хус рæстæджыты нымайынц.

«Кънолевы хъæуы сабырæй бафснайдтой сæ тыллæг. Уый тыххæй æмæ сæ хуымтæ а.х. арæнмæ æввахс кæй уыдысты уымæ гæсгæ тæссаг уыди уым кусын, дыууæ боны дæргъы полицæйы экипажы æххуысæй куыстой. Цæрджытæ æнæразыйæ баззадысты цъус тыллæг райсты тыххæй, уыдоны ныхасмæ гæсгæйæ, цъус тыллæг æрзады расайдта уазæлттæ уалдзæджы æмæ хурджын рæстæг сæрды», - зæгъы Цикубадзе Бадри.

Кънолевæгтæ нымайынц, цæмæй сæйраг проблемæ уый у æмæ хъæуы социалон æххуысы программæ урæд кæй æрцыд. Ардæм хауы социалон лæггæдты агентады рдыгæй цы бирæ бинонтæн нал раттой æххуыс уый дæр.

Цикубадзе Бадрийы фото.

Print