Ног хабæрттæ
Шиндисы фæмардуæвæг тохгæнджыты мемориалы рухс ном ссардта АИШ-ы минæвар
Америкæйы минæвар Гуры муниципалитеты гемгебелимæ Ониашвили Давитимæ иумæ Шиндисы хъайтарты мемориалмæ дидинджытæ бахастой æмæ рухсаг загътой хæсты фæмардуæвæг хъайтартæн.

«Абон æз лæууын уыцы бынаты, цыран, гуырдзиаг æфсæддонтæ сæ цард раттой æмæ мах хъуамæ хъуыды кæнæм цæйас стыр аргъ ис сæрибардзинадæн æмæ сабырадæн. Бæстæйæн хъуамæ уа æвзарæны фадат, йæхæдæг райса уынаффæ, цахæм фидæн хъуамæ уа уымæн. Мах баныхас кодтам, цæмæй адарддæр кæндзыстæм æххуыс Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинадæн æмæ Евроантлантикон структурæты уæнг суæвыны процессы. Вице премьер Майкл Пенс загъта æмæ йæ æздæр фæлхатт кæнын – Америкæйы Баиугод Штатты хъыг кæны змæлгæ оккупацийы тыххæй æмæ алы фарс дæр хъуамæ ссара рæстæг æмæ фæрæз ацы конфликты сабырадæй æрбæстон кæнынæн – загъта Америкæйы минæвар Ян Келин».

2008 азы 5 бонон хæсты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны 170 æфсæддон кусæг фæхъуыд. Уæрæсейы агрессийы амæттаг фæци 14 барадхахъхъæнæг æмæ 228 æмбæстагон гоймаг.

Print