Ног хабæрттæ
Гоциридзе-Мерабишвили Жужуна августы хæстæй фараст азы фæстæ
Къамы, кæцы Гуры бомбæты æркалыны рæстæджы фæсарæйнаг журналист систа, Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты историйы нысаниуæгджын бынат ахсы.

Фото горæты центры у ист æмæ Уæрæсейы рдыгæй Гуырдзыстоны территорийы бацахсыны фæстиуæг æвдисы. Фотойыл æвдыст Мерабишвили Жужуна та, æххуыс куры.

Гоциридзе-Мерабишвили Жужуна ныртæккæ, 80 аздзыд у æмæ фæстæмæ уыцы хæдзары цæры, кæцымæ 2008 азы августы «касетон бомбæйы» хай бахаудта. Мерабишвили Жужуна æнæнхъæлæджы фервæзти. Нырма тохгæнæн æрмæгæй аирвæзти, уый фæстæ та, зынгирвæзтæй.

«Тилифоны мæ хъæбулимæ ныхас кодтон, кæцы Грецийы царди. Фарста мæ, æцæг дам бомбæтæ калынц Гурыл, æз ын дзырдтон, зæгъгæ, нæ, нæ! Фæлæ, растдæр, уыцы рæстæджы бомбæ æрхаудта горæты астæу. Иу бомбæ дзы нæ кæрты дæр æрхаудта. Бомбæйы схъистæй хъæдзармæ дæр æрбахаудта. Телефон уайтагъд ахицæни. Дуар та, йæхигъæдæй сæхгæдта. Æз хъæр кæнын, кæй судзын хъæдзары мидæг, уымæн æмæ балкъоныл зынг сирвæзти», - мысы 9 азы размæйы хабары Жужуна.


Print