Ног хабæрттæ
Карелы районы Тамарашены хъæуы суадон ныссур ис
Дихгæнæг хаххмæ ввахс Тамарашены хъæуы суадон, кæцыйæ донæвæрæн нуазыны донæй йедзаг кодта, ныссур ис.

Ай фæдыл бынæттон цæрджытæ муниципалитеты гамгеобамæ курдиат 13-æм сентябры бадæттой.

Гамгебелы хæдивæг, Киласониа Гиайы курдиатмæ гæсгæ, доны ныссурдзинад расайдта хурджын бонтæ кæй уыди уый. Уый иунæг донæвæрæн у, кæцыйæ хъæуы цæрджытæ пайда кодтой.

Карелы гамгеобайы инспекцион къорд уавæры бынаты бабæрæг кодтой æмæ йæ уыдон дæр афтæ сбæлвырд кодтой. Цæрджытимæ консултациты фæстæ, бауынаффæ кодтой, цæмæй донæвæрæны байдзаг кæной хъæуæй дæрддзæф уæвæг æндæр суадæттæй.

«Разынд афтæ, æмæ дон хурджын рæстæгмæ гæсгæ бынтондæр ныссур æмæ ныртæккæ дон нæй æппындæр системæйы; цæрджытæ æнæ донæй баззадысты. Бынатыл уавæры сбæрæг кæныны фæстæ бæлвырдгонд æрцыд, цæмæй хъæуæй дæрддзæф уæвæг доны дебетæй гæнæн ис æмæ æфтыд æрцæуа уæвæг системæйыл дон æмæ системæйы уыцы хайы сæндидзын кæнын», - фыссы экономикон рæзты куыстуаты хистæр Мсхаладзе Гиа гамгебелмæ, Гулиашвили Зазамæ.

Гамгебел резервон фондæй 5 мин лари рахицæн кодта æмæ йæ домынадмæ гæсгæ куыстытæ иу къуыримæ, 23-æм сентябрмæ хъуамæ æххæст æрцæуой.

2014 азы сфыстмæ гæсгæ, хъæуы 401 адæймаг цæры.


Print