Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Сериал «Мæ усы æмбæлттæ»-йы фæуды нысангонд бон сценаристтæн дæр æнæзонгæ у.
Алы ног сезоны размæ ног контракт æвæрд æрцæуы æмæ йæ фæуды фарстамæ нæма не ркастытсты. Ацы курдиат Шида Картлийы информацион центримæ ныхасгæнгæйæ йæхæдæг сериалы сценарист Девдориани Кети сарæзта. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, ацы сезоны иннæ сезонмæ абаргæйæ бирæ карздæр сюжеттæй райдыдта æмæ сериалы кæсæгмæ æнхъæлмæ кæсы тынг цымыдисон серитæ.

Девдориани Кети, кæцы дихгæнæг хаххы цур хъæуты уыдис æмæ æрыгæттæн радзырдта уырыссаг пропогандæйы тыххæй, зæгъы, цæмæй, сериалы исыны бындурæн реалондзинады æнæраст æнкъарæн æвæрд ис. Персонажтæ дæр сæйрагæйдæр æнæраст уынаффæтæ исынц æмæ фактты дæр, уый фæстæ анализ кæнынц.

«Мæ нысан уыди уый, цæмæй æндæр сезонты цы уыдис уымæй чысыл карздæр уыд уыцы реалондзинад фенын кæнынæн, кæцы махæн нæ алфæмблайы цæуы. Анапорæйы конд дарæсы адæм, иуæй-иу хат йæхи афтæ дары æмæ йыл нæ фидауы, уый мæ хъуыдымæ гæсгæйæ æнæзонгæ нал у. Проблемæтæ ис паддзахадæн, адæмæн æмæ аргъуанæн. Растдæр ацы проблемæты уынын кæнæм, æрмæст æндæр жанры. Сериалы идейæ у уый, æмæ мах цух кæй стæм ацы фарстæтыл ахъуыды кæнын, кæцы нæ тыхсын кæны. Сериалы дæр зыны, æмæ персонажтæ раст уынаффæтæ никуы райсынц. Ай у уыцы реалондзинад æмæ нæм иуæй иу хатт худæг дæр фæкæсы, кæцыйы цæрæм. Сериалæн пропогандистон нысæнттæ нæй, фæлæ алы серийы дæр ис йæхи æрвыстытæ. Ацы æрвыстытæ та сты уыдон, цæмæй мах нæхæдæг дæр нæхицæн баххуыс кæнæм», - зæгъы Девдориани Кети.

Сериалы сценарист æмбарын кæны цæмæй сериал уымæн бирæ критиктæ кæй фæзынын кодта, кæцыйы æргомæй фиксир кæнынц.

«Фæнды мæ æмæ уын зæгъон, цæмæй сериалы фæстиуæгæн мæ феминисттæ дæр критикæ кæнынц, динон кусджытæ дæр æмæ æхсæнады æндæр æмæ æндæр къордтæ дæр. Сериалы алчи дæр йæхирдыгонау æмбары, ацы сериал иуæй-иутæн критикæйы бындур свæййы, иуæй-иутæн та иннæрдæм. Фынæйы размæ æхцон æмæ хъæлдзæг зæрдæйы ахаст аразæм. Иуæй-иу уыдонæй мæнæн фæдзуры, цæмæй æлгъыстытæ афтæ арæх ма хъуамæ хъуыса, зæгъгæ, фæлæ йæ алчидæр зоны, æмæ ацы сериал кæй у 18 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы уыдонæн, æхсæвы æвдыст цæуы æмæ сывæллæттæн рекомендацигонд нæу. Иу чидæр ма афтæ дæр загъта, сериал дам куы нæ вæййы мæ сыхæгтæй уæддæр хъуысын байдайы æрвылбон æлгъыстытæ. Уый тыххæй нымайын æмæ уый кæй нæу æнæхсæстдзинад æмæ кæй никæй хъыгдары», - зæгъы Девдориани Кети.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.