Ног хабæрттæ
Гуры Гаагайы æхсæнадæмон тæрхондоны тæрхонгæнджытæ æмæ прокурортæ фембæлд ауагътой
Гуры демократон иудзинады центры, Гаагайы æхсæнадæмон тæрхондоны тæрхонгæнджытæ æмæ прокурортæ фембæлд ауагътой.

Уый фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн демократон иудзинады центрæй фехъусын кодтой. Центры минæвары ныхасмæ гæсгæ, фембæлд уыдон 2008 азы хæсты рæстæджы зианбаййафæг цæрджытимæ ауагътой.

«Фембæлды нысан уыд цæрджытæн информаци раттын уголовон хъуыддаджы фæдагурæн архæйдтыты тыххæй æмæ зианбаййафæг цæрджытæй информацимæ байхъусын», - банысан кодтой иудзинады центры.

Параллелонæй, Тбилисы, æхсæнадæмон тæрхондоны минæвæрттæ аналогион мидисы фембæлдыл, медийы минæвæртты æрбахуыдтой.

Print