Ног хабæрттæ
Лигъдон сылгоймæгты фыццаджыдæр нуазыны доны проблемæ тыхсын кæны
Лигъдон сылгоймæгты фыццаджыдæр фæнды нуазыны доны проблемæ æрбæстон кæнын. Ай фæдыл абоны ауагъд фембæлдыл загътой, цыран сылгоймаг æвзарæнты хъæугæдзинæдты фæдыл æрцæттæгонд иртæсты фæстиуджыты презентаци уагъд æрцыд.

Мадзалыл доклад сарæзта организаци «Картлосы» минæвар Джебисашвили Ана, кæцы Скърайы лигъдæтты цæрæнуаты сылгоймæгты хъæугæдзинæдтимæ бынатыл йæхæдæг зонгæ кодта.

«Иртæстмæ гæсгæ, лигъдон сылгоймæгты фæнды нуазыны доны проблемæйы æрбæстон кæнын, афтæ ма ноджы мидæг фæндæгты æмæ тротуарты саразын, уынгты арæзт цырæгътæн сæ сыгъд лампæты раивын æмæ æрыгон фæсивæдæн библиотекйы бакæнын бынаты. Банысангонд иртæсты фæстиуæгæй æвзæрстыты хайадисæг мерийы кандидаттимæ дæр базонгæ сты», - загъта уый.

Иртасæн уагъд æрцыд сентябры мæйы æмæ Гуырдзыстоны 10 регионы æмбæстагон æхсæнады регионалон хызы (R-CSN) уæнг æнæхицауадон организацитæ æдæппæт 1106 сылгоймаг æрфарстой.

Хатдзæг арæзт æрцыд æнæхицауадон организаци «Сида» æмæ æмбæстагон æхсæнады регионалон хызы (R-CSN) рдыгæй скæсæн-ныгуылæны уаг дæттыны институты ACCESS-йы проекты фæлгæтты, АИШ æхсæнадæмон рæзты агентады (USAID) æмæ Евроцæдисы финансон æххуысæй.

Print