Ног хабæрттæ
4-азон ремонты фæстæ Квемо Хвиты сабиты рæвдауæндонæй æфтауцдон скодтой
Гуры муниципалитеты сабиты рæвдауæндæтты баиугонды къухдариуæгады директор æмæ йемтохгæнæг гоймæгтæ Квемо Хвиты сабиты рæвдауæндоны бæстыхайы цæрæг æмбæстаджы, Гурæй ахизгæйæ, рагацау бафæдзæхстой, цæмæй куыдзы бастæй куыд баййафой.

Хъахъхъæнæг куыдз сабиты рæвдауæндоны бæстыхайы къæрныхтæй хъахъхъæны, цæмæй инвентары æмæ иннæ мигæнæнты мачи ахæсса. Æнæзонгæ уазджыты, уыдон æхсæн сабиты рæвдауæндæтты баиугонды бæрнон кусджытыл куыдз ахуыр нæу æмæ сæ бæстыхаймæ ввахс нæ уадзы. Ацы куыдзы хицау та, уыцы адæймаг у, кæцы рæвдауæндоны бæстыхайы цæры. 7 æви 8 азы размæ, йæ цæрæн хæдзар ныппырх æмæ йæ рæстæгмæ рæвдауæндоны бæстыхаймæ бауагътой цæрынмæ.

Квемо Хвиты сабидоны директор Гураспашвили Майа иу мæй уыдзæн къухдариуæггæнæгæй нысангонд куы рцыд. Уый ныридæгæн цалдæр уайдзæфы райста æмæ йæ уырны, тагъд рæстæджыты йæ баиугонды директор кæй ссæрибар кæндзæн ацы бынатæй:

«Фидарæй мæ æрдомдта сабидæтты баиугонды директор, цæмæй сабиты рæвдауæндоны 20-æм октябрмæ байгом кодтаиккам. Ахæм уавæры тынг зын у, ацы рæвдауæндоны байгом кæнын. Нырма ноджы, æфснаинаг у бирæ цыдæртæ. Сæйрагæй та дзы нæй хъармгæнæн, нæй йæм уагъд электроэнерги», – зæгъы сабиты рæвдауæндоны директор Гураспашвили Майа.

Хъомылгæнинæгты ныййарджытæ, ма ноджы зæгъынц, цæмæй ахæм уавæрты уыдон сæ сывæллæтты кæй нæ кæндзысты рæвдауæндонмæ.

Бæстыхайы фыццаг уæладзыгæй æфтауцдон конд ис. Нæй дзы ремонт арæзт, къултæ æмæ астæрд не сты æгъдауыл.

Ремонт у æрмæст дыккаг уæладзыг, цыран ис цыппар уаты æмæ иууыл фылдæр 50 сывæллоныл у нымад. Нысангонд бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ уагъд æрцыд ивгъуыд азы, кæцыйæн разамынд кодта амалиуæгдар Чъовелидзе Джемал, хардзгонд æрцыд 34 500 ларийы бæрц. Ацы суммæйæ, Квемо Хвитæй дарддæр ма цалцæггонд æрцыдысты Пхвенисы æмæ Бершуеты сабиты рæвдауæндæттæ.

Адонæй, Квемо Хвиты æмæ Пхвенисы (сыхаг хъæу) сабиты рæвдауæндæттæ нырма нæ байгом сты. Нырма йæ, нæ зонæм, куыд у уавæр Бершуеты сабиты рæвдауæндоны, муниципалитеты гамгеобайы сабидæтты баиугонды директор, Инджиа Нугзар дзуры, цæмæй сабиты рæвдауæндоны директор йæ хæстæ кæй не ххæст кæны.

«Цалдæр хатты ссыдтæн, æмæ йæ бынаты нæ баййæфтон, афтæ ма ноджы, нæ дзуапп кæны мæ тилифоны дзæнгæрæгæн», – зæгъы Инджиа. Уый ныхасмæ гæсгæ, рæвдауæндоны директор, нырма æрмæст уадзæф райста. Сабидоны байгом кæнынмæ та цы хауы:
«Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы сабиты рæвдауæндон æнæ махæй нæ байгом уыдзæн. Йæ байгом кæныны ныхмæ рацыдысты хъомылгæнинæгты ныййарджытæ. Уыдон домынц æрдзон газæй хъармгæнæн, кæцы ацы аз нырма нæ уыдзæнис», – зæгъы Нугзар Инджиа.

Гамгеобайы цæстдарæн куыстуаты хистæр Анесашвили Звиад зæгъы, цæмæй компани проектмæ гæсгæйæ куыстытæ æххæстæй сæххæст кодта: «цы йын уыд бахæсгонд компанийæн уый бакуыста. Уыдон уыдысты чысыл бæрцы куыстытæ», – загъта уый.

Муниципалитеты гамгеобайы инфраструктурæйы куыстуаты хистæр Майсурадзе Тариел зæгъы, цæмæй æрдзон газы системæйы монтаж кæныны фæдыл, тендертæ уагъд не рцыд: «Ныртæккæ куыд зонын уымæ гæсгæ, сын расидт ис сабидæтты баиугонды тендер æмæ æрцæудзæн системæйы монтаж дæр», – загъта Майсурадзе Тариел. Гуырдзыстоны балхæды агентады веб-фарсыл сабидæтты баиугонды къухдариуæгады агентады, Квемо Хвиты æмæ æндæр сабиты рæвдауæндæтты æрдзон газæй сифтонгкæнынады нысанæй, тендертæ нæ расидтысты.

«Мах сын дзурæм уыдонæн, цæмæй электропецтæй хъарм кæной, кæцыйыл уыдон нæ разы кæнынц», – зæгъы Инджиа. 




Print