Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Евроцæдисы цæстдарæгон мисси 400 скъоладзауы театрмæ акодта
Дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты скъолæты ахуырдзауты, Евроцæдисы цæстдарæгон миссийы Гуры офисы минæвæрттæ, театрмæ фæхуыдтой.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн миссийы пресс-куыстуатæй фехъусын кодтой.

Пресс-куыстуаты минæвары бæрæггæнæнмæ гæсгæйæ, акци 16-бонон кампанийы фæлгæтты уæгъд æрцыд, кæцы арæзт у сылгоймæгты æмæ чызджыты рдæм тыхмийы ныхмæ. Ацы акцийы ма ноджыдæр хонынц «Урс лентæйы» акци.

«Тыхмидзинад сылгоймæгты æмæ чызджыты рдæм хъыгагæн æппæт дунейы нырмадæр серьезон проблемæйæ зайы – фæлæ махæй алкæмæн йæ бон у æмæ ныхмæ рацæуæм. Растдæр уый тыххæй Евроцæдисы цæстдарæгон мисси активонæй йæ фарс хæцы гендерон тыхмидзинады ныхмæ 16-бонон глобалон кампанийæн», – нысан цæуы миссийы курдиаты.

«Урс лентæйы» кампани 25-æм ноябрæй (сылгоймæгты æмæ чызджыты рдæм тыхмидзинады скуынæг кæныны æппæтдунеон бон) райдыдта æмæ 10-æм декабрмæ (адæймаджы барты æппæтдунеон бон) даргъ кæны.

Ацы аз Евроцæдисы цæсдарæгон миссийы кампанийы темæ у: «активацийы 16 бон: ахуырад алкæмæн дæр æдасон скæнæм». Ахуырад æхсæнадæмонæй нымад цæуы, куыд мæгуырдзинады скуынæг кæныны, адæймаджы барты тыххæй æмбарынад сбæрзонд кæныны, дискриминацийы ныхмæ тох кæныны разбадзырд æмæ уымæй сылгоймæгты æмæ чызджыты бахъахъхъæнын – алцыппæтдæр Евроцæдисы сæйраг æргъдзинæдтæн æмбæлгæ у.


Урс лентæтæ гендерон тыхмидзинады ныхмæ тох кæныны æхсæнадæмоныл нымад символ сси. Урс лентæйы дарын уый нысан кæны, цæмæй адæймаг никуы сараздзæн сылгоймæгты æмæ чызджыты ныхмæ тыхмидзинад, къух нæ сараздзæн æнгæс архайдæн æмæ йæ нæ басусæг кæндзæн. Раст уый тыххæй, Евроцæдисы цæстдарæгон миссийы æмкусджытæ ленты семæ хæссынц.

Евроцæдисы цæстдарæгон миссийы æмкусджытæ Тбилисы, Зугдиды, Гуры æмæ Мцхетæйы офистæй кампанийы фарс хæцынæн æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ æххæст кæнынц, зæгъæм, Евроцæдисы цæстдарæгон миссийы цæстдарджытæ æххуыс кæнынц скъолæты мадзæлттæ ауадзынæн. Евроцæдисы цæстдарæгон мисси ма ноджы уадзы дискусситæ конфликты фæстиуæгæй зианбаййафæг нæлгоймæгтимæ æмæ сылгоймæгтимæ, æнæхицауадон организацитимæ, полицæимæ æмæ Гуры университеты студенттимæ.





Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.