Ног хабæрттæ
Фыссæг Турашвили Дато æмæ никозаг ахуырдзаутæ Советон æмбарынады тыххæй ныхас кодтой
«Джинсыты фæлтæры» бакæсгæйæ æмæ уый бындурыл ист кинонывы феныны фæстæ, никозаг скъоладзаутæ авторы Турашвили Датойы хъæумæ фæхуыдтой. Уый фæдыл Тедеты Кети фыссæгмæ йæхæдæг ныффыста.

«Хъуыды дæр ыл нæ акодтон, уайтагъд разыйы ныхас загътон Кетийæн. Уæлдайдæр та, уый ахæм хъæу у, комкоммæ оккупацион хаххыл ис», – зæгъы Турашвили Дато. Уый Никозы хъæумæ афтид къухæй нæ ныццыдис æмæ скъоладзауты инициативæй арæзт чиныгдонæн йæхи сæрмагонд чингуытæ балæвар кодта. Фембæлдыл уыдысты Европæйы фонды минæвæрттæ дæр.

Фыссæг кæсæн залы уыцы кары ахуырдзаутимæ фембæлди, растдæр йæхæдæг фыссын цы карæй райдыдта. Æрымысыд, куыд зынвадат уыди Советон Цæдисы периоды, чиныг мыхуыры рауадзын. Ай, – уыцы рæстæг у, кæцыйы тыххæй, раст, «Джинсыты фæлтæры» дзырдæуы.

«Чиныг мыхуыры рауадзын нæ, фæлæ, диссертаци дæр нæ бахъахъхъæдтаис афтæ. Кæд уымæ сарæхстаис, æнæмæнгæй, хъуамæ хъыбыл аргæвстаис», – ахæм дæнцæгтимæ Турашвили Дато сабитæн Советон периоды цард æмæ æмбарынады хуыздæр равдисыныл архайдта. Паралеллтæ арæзта европæйаг æргъадтимæ, уый тыххæй æмæ, кæцыфæнды адæймаг дæр, ахуырад райсынæй æмæ фæллой кæнын уарзынæй, æнæмæнгæй æнтыстджын суыдзæн.

«Раст, Советон цæдисы периодæй цæуы ахадгæджын «бидзаты», «фыдты», «мады хоты» уæвынад. Уæд иу, бюджетæй æхца радавын сæрыстырдзинадыл нымад цыд, йæ номыл иу кувæггаг дæр нуæзтой. Амæ уымæ чи арæхстис, уый фидар лæгыл нымад цыд. Абон дæр афтæ у. Зæгъæм, депутат абон ууыл архайы, цæмæй цас гæнæн ис фылдæр ссара, стыр зынаргъ машинæйыл цæуа æмæ йæ зонут, цæмæн аразы афтæ? Сыхаг æмæ хæстæджыты сæрра кæна», – дзырдта Турашвили Дато скъоладзаутæн.

Ныхас, логиконæй, Советон цæдисы сфæлдисæг, Советон раздзог – Стъалины æмæ йæ цырты тыххæй, дæр уыд. Хъуамæ лæууа æви нæ Стъалины цырт Гуры? Ацы фарстæйæн, Турашвили Дато ахæм дзуапп ратта, цæмæй туристон цæстæнгасæй кæд уый горæтæн фылдæр æфтиаг æрхæсдзæн, уæд ныхмæ кæй нæу.

«Йæхи удгоймагмæ та цы хауы, уымæй, уый Гуырдзыстонæн æппындæр ницы сарæзта. Уый алцыдæр арæзта Уæрæсейæн. Уый сгуыхтдзинад у алцыппæт дæр, кæцыйыл абон мах ныхас кæнæм», – дзуапп ратта фыссæг.

Никозаг ахуырдзаутæн фембæлд æцæгдæр пайда разындис. Раст у, фыссæджы радзырдты стырдæр хай уыдон каст у, фæлæ, нын уæддæр загътой, цæмæй Советон æмбарынады тыххæй, уыдон ноджы фылдæр кæй базыдтой ацы фембæлды. Турашвили Дато зæгъы, цæмæй фидæны фæлтæр зæронд æмбарынадæй, растдæр, фылдæр ахуырады, европæйаг æргъдзинæдты райсгæйæ, хъуамæ ссæрибар уой.


Print