Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Хинчегашвили Ладо æмæ Петриашвили Гено ирайнаг клубимæ иумæ дунеон чемпионтæ сты
Абон 8-æм декабры, Ираны фесты дунеон клубон чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй, уæлахиздзау та ирайнаг клуб «Изи Пайп Кашан» сси, кæцы финалы 6-4 рамбылдта фароны уæлахиздзау Америкæйы «Титан Меркуры».

Ирайнаг клубæн скъуыддзаггæнæг уæлахиздзинад гуырдзиаг легионер Петриашвили Гено æрхаста, кæцы йæ фæрскы травмæмæ нæ гæсгæйæ, уæддæр аспарезыл рахызтис финалы æмæ 6-5 фæуæлахиз фароны триюмфатор Ник Гвиаздовскийыл.

Уæдмæ уал, олимпаг чемпион Хинчегашвили Ладо 7-0 рамбылдта Алан Вотерсы.

Статийы Гуырдзыстоны хъæбысæйхæсты федераци парахат кæны.

Финалон фембæлд «Изи Пайп» уæндонæй райдыдта Хинчегашвили, ирайнаг Реза Атари, Фарзад Халил æмæ Мохамад Надери командæ 4-0 размæ ракодтой, фæлæ йæ фæстæ иннæ æртæ уæлахизы америкæйæгтæ рамбылдтой æмæ минимумы онг æркодтой хъауджыдзинад 4-3, 92 кг-ы ирайнаг Хосейн Шахбази Ник Хеплины рамбылдта æмæ 5-3 раразмæ, уый фæстæ фембæлды та америкæйæгты олимпаг æмæ дунеон чемпион Кайл Снайдер стыр хыгъдимæ 10-0 амбылдта уырыссаг легионер Владислав Байцаевы æмæ хыгъды фæстæмæ минимумы онг фæкъаддæр кодта 5-4, скъуыддзаггæнæг фембæлды та гуырдзиаг уæззаууæзон тохы рамбылдта Ник Гвиаздовскийы æмæ карьерæйы фыццаг хатт сси дунейы клубон тасы уæлахиздзау.

Хинчегашвилийæн та уый фæд-фæдыл æртыккаг ссаргæ дунейы тас у клубты хсæн, зæгъдзынæн уын æмæ раззаг азы олимпаг чемпион раст америкæйаг Титан Меркурийы сконды ссардта ацы титул дыккаг хатт, уæдмæ та ирайнаг Разийы сконды фæуæлахиз.

Гуырдзиаг клуб «Раинд» 7-3 ныппырх кодта Казахстаны «Келечукы» æмæ дунеон тасы фæндзæм бынат райсгæйæ фæцис аспарезы.

Уæлахиздзаутæ Келехсашвили Леуан (70 кг), Гаприндашвили Тариел (79 кг), Берадзе Заур (86 кг), Чихрадзе Саба (92 кг), Ахобадзе Зураб (97 кг) æмæ Гогричъиани Леуан (125 кг) фæуæлахиз сты.

Ерысты æдæппæт хайад иста 10 бæстæйы 13 клубы, уæлахиздзау командæ 25 000$-ы райсдзæн, дыккаг бынаты райсæг 15 000$-ы райсдзæн, бронзæйы медалджын клуб та 10 000$-ы райсдзæн.

1. Изи Пайпи Кашин (Иран)
2. Титан Меркури (АИШ)
3. Сетарегани (Иран).


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.