Ног хабæрттæ
Мидхъуыддæгты министр Эргнеты посты бабæрæг кодта
Мидхъуыддæгты министр Гахариа Гиорги, фыццаг хæдивæгимæ Сабанадзе Къахаберимæ æмæ иннæ хæдивæг Маланиа Мерабимæ иумæ, мидæгон хъуыддæгты министрады сæрмагонд хæсты департаменты Эргнеты постмæ ныццыдысты.

Уый постыл кусæг Шида Картлийы регионалон сæрмагонд хæсты дæлхайады æмæ Шида Картлийы полицæйы департаменты æмкусджытимæ фембæлд æмæ уыдонимæ се ‘рвылбонон архайды фæдыл æрныхас кодта.

Министр Эргнеты посты федта æмæ уым кусджыты куысты æмæ царды уавæртимæ базонгæ ис.

Гахариа Гиорги сæрмагонд хæсты департаменты Шида Картлийы регионалон сæрмагонд хæслæвæрдты уагдоны Къаралеты базæйы дæр бабæрæг кодта. Мидхъуыддæгты министрыл базæйы территорийыл сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты къухдариуæггæнджытæ фембæлдысты.

Гахариа Гиорги Шида Картлийы регионалон сæрмагонд хæслæвæрдты дæлхайад бабæрæг кодта æмæ йын йе скондимæ дæр фембæлд.

«Фæстаг периоды Евроцæдисы раз райсгæ хæслæвæрдтæ æмæ нырыккон реформиры фæлгæтты, Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты æмкусджыты униформæйы, техникæйы æмæ ифтонгарзы ребрендинг реализацигонд æрцыд. Оккупацион хаххы цур уæвæг сæрмагонд хæслæвæрдты полицæйы тыхтæн ис цыргъ æвдисæг полицæйон нысæнттæ, афтæ ма, цалцæггонд æрцыд постытæ æмæ арæзт æрцыд уым кусæг полицæйæгты цæрæн бæстыхæйттæ», – нысангонд ис мидхъуыддæгты курдиаты мидæг.

Print