Ног хабæрттæ
Лигъдæтты цæрæнуаты медиатур арæзт æрцыд
Гуры, центр «Абхазийы» æххæстгæнæг директор Милорава Нукри медиайы минæвæрттыл фембæлд æмæ лигъдæтты темы уæвæг проблемæты æмæ уавæртыл æрныхас кодта.

Котеджон типы лигъдæтты цæрæнуæтты информацион туры фæстæ, журналисттимæ фембæлд уазæгдон «Викторийы» уагъд æрцыд.

Журналисттæ лигъдæтты æртæ цæрæнуатмæ (Верхуыты лигъдæтты цæрæнуат, Скрайы лигъдæтты цæрæнуат, Къаралеты лигъдæтты цæрæнуат) ныццыдысты æмæ уым сæхæдæг байхъуыстой бынаты уæвæг проблемæты фæдыл темы минæвæрттæй.

Проекты фæлгæтты Шида Картлийы, Мцхета-Мтианеты æмæ Квемо Картлийы регионты уæвæг лигъдæтты цæрæнуæтты (коллективон центртæ æмæ котеджон типы цæрæнуæттæ) фыццаг хаттон фарст ауагъды æмæ уый фæстæ этапыл ауагъд тренингты рæстæджы, лигъдæттæ сæхæдæг ранымадтой бынатыл уæвæг æндæр æмæ æндæр проблемæты.

Фæстæдæр этапыл та, адвокатирады кампанийæн 2 сæйраг проблемæйы сæвзæрстой æмæ сæ алыг кæнынæн бынæттон æмæ централон хицауады минæвæрттимæ фембæлдтытæ æмæ тымбыл фынгы рабæдтытæ аразын райдыдтой.

Проекты нысан у лигъдон темты зонынад сбæрзонд кæнын, ахуырад раразмæ кæнын æмæ фылдæр хайад райсын, кæцы нысан кæны æнтыстджын адвокатирады процессы ауадзын лигъдæтты темы уæвæг æндæр æмæ æндæр проблемæты æрбæстон кæнынæн.

Информацион медиатур уагъд æрцыд проекты «Рæстдзинадон æхсæнадырдæм» фæлгæтты, кæцыйы центр «Абхази» æмбæстагон æхсæнады рæзынады фонды (CISU) финансон æххуысæй æмæ лигъдæтты Данийы Советимæ (DRC) партнерадæй Шида Картлийы æххæст цæуы. Проект 20 локацийы гуырахст у æмæ 2018 азы февралы мæйы фæуыдзæнис.

Print