Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Лигъдæттæн лæварæн болгайраг цывзы æрбаластой
Швелидзе Пикриа ногазы æхсæвы йæ мойы пенсийæ æлхæд продуктимæ сæмбæлдзæн. Дзуры, цæмæй, æппæт бинонтæ фыццаг къорды инвалидæн æмбæлгæ æххуысы (пенси) æвджид сты. Дыууæ хъæбулæй, сæ иу студент у, иннæ та, – скъолæйы ахуырдзау. Сабитæ 2008 азы августы хæсты фæстæ Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты схъомыл сты.

«Кæстæр чызг 4-аздзыд уыдис, куы рацыдыстæм Чъехæй. Лæппу та – 13-аздзыд уыд. Фактивонæй, ам схъомыл сты. Ныртæккæ, мæ мойы пенсийы æвджидыл стæм. Зымæджы тынг бирæ хардз цæуы, хъармгæнæн æмæ рухсыл. Экономиконæй куы хардз кæнæм рухс дæр æмæ газ дæр, уыцы пенси æнæхъæнæй коммуналон хæрдзтæн бахъæуы», – зæгъы Швелидзе Пикриа.

Уыдон Стыр Леуахигомæй Чъехы хъæуæй сты. Дзуры, зæгъгæ дам нын, лигъдоны периодæй цалдæр азы дæргъы, коммуналон фидинæгтыл æххуыс уыд:

«Уыдис иу, зæгъæм афтæ дæр, æмæ 50 лари фыста хицауад. Уый дæр иу махæн стыр æххуысдзинад уыд. Ныртæккæ, ныцыхуыз æххуыстæ нæй», – дзуры нæ фысым.

Лигъдæттæн ныр дæсæм аз райдайдзæн, сæ хъæдзæртты куы ныууагътой уæдæй. 9-æм ног азыл, зæгъæн ис æмæ бынтон æнæныфсæй æмбæлынц.

«Æххуысдзинад уый ис, æмæ нын болгайраг цывзы æрбаластой», – зæгъы хæдзары æфсин. Хъæуы центрæй сæ сывæллонæн рарвыстой. Куыд рабæрæг уымæ гæсгæ, дыууæ боны размæ, цæрæнуаты цывзы гуманитарон хуызы байуæрстой.

«Æз хæдзары куы уыдаин, нæ сæ райстаин. Худæг у нæ уавæр, кæуинаг куы нæ уаид уæд. Ай фактивонæй, махыл худгæ кæнынц», – зæгъы Швелидзе Пикриа.



Тамарашены хъæуæй лигъдон, Гогидзе Арсен, уый дæр, цыбыр гæнæндзинæдты уæвæг бинойнагмæ зилы. Уый ныхасмæ гæсгæ, ногазмæ, ахæм продукты байуарын, нæ уыд гæнæн: «Уый фæлтау, æмæ нын ног аз цæмæй адджынæй раарфæ кæной, судзаг цывзы нын рарвыстой», – зæгъы Гогидзе Арсен.

Йæ бинойнагæн инсулт уыдис, æмæ æрмæстдæр коляскæйыл йæ бон у змæлын. Хæдзар та, бирæсывæллонджын у. Нæ сæ уырны, ёмё цæмæй сабитæн ногазмæ хуыздæр лæвæрттæ æрбахæсдзысты.

Дзарцъемы хъæуæй лигъдæттæм: Човелидзе Гогиа æмæ йæ бинойнагмæ цъæх болгайраг цывзы æрхаудта, фæлæ, цы саразой ацы цывзыйæ, нæ зонынц:

«Цæхджын кæнынæн нæ бæззы æмæ дзы толмæ дæр нæ сараздзынæ. Дзидза нæм æппындæр нæй», – зæгъы Човелидзе Гогиа.

Цалдæр хæдзары бинонтæ нын загътой, цæмæй цывзвйæн йæ фылдæр хай акалдтой, уымæн æмæ æрдæгæмбыд уыдис.

Цæрæнуатмæ журналистты визиты тыххæй, Куртайы муниципалитеты гамгеобайы минæвар, Къахниашвили Зураб дæр фехъуыста. Уый нæ йæхæдæр æрцагуырдта æмæ нын загъта, цæмæй ацы лæвар хицауады рдыгæй нæу æрвыст:

«Къаралеты хъæрмуатон (парник) хæдзарад аскъуыддзаг кодта, цæмæй лигъдæттæн байуæрстаид цывзы. Бирæ цывзы æрзадис. Махæн ацы акциимæ ницы иудзинад ис», – зæгъы Кахниашвили Зураб.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.