Ног хабæрттæ
Женевæйы абон радон бадзырдты раунд уагъд æрцæудзæн
Абон, Женевæйы, æхсæнадæмон бадзырдты радон раунд уагъд æрцæудзæнис. Дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауады минæвæрттæ, Гуырдзыстоны хицауады рдыгæй, тыхæй не спайдакæныны фæдыл, бадзырдыл къухæрфыссынмæ æнхъæлмæ кæсынц.

Джиоты Мурæт, кæцыйы комментары уырыссаг информацион агентад «Риа новость» парахат кæны, зæгъы, цæмæй, уыцы документ уыдонæн тынг ахсджиаг кæй у. Гуырдзыстоны хицауад, бирæ азты дæргъы, ацы документыл йæ къух нæ фыссы, уый тыххæй æмæ тыхæй не спайдакæныны фæдыл, бадзырдыл дэ-факто республикæты (Хуссар Ирыстон æмæ Абхази) минæвæрттæ нæ фæлæ – хъуамæ йæ къух æрфысса – Уæрæсейы хицауад.

Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты формат Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы хсæн 2008 азы 12-æм августы æхст фескъуыды бадзырдмæ гæсгæйæ, арæзт æрцыд æмæ йæ фыццаг раунд 2008 азы 15-æм октябры уагъд æрцыд.

Бадзырдтæн æмсæрдарад кæнынц Евроцæдисы, ИНО-йы, ОБСЕ-йы минæвæрттæ æмæ дзы вæййынц хайадисджытæ Гуырдзыстонæй, Уæрæсейы Федерацийæ æмæ Америкæйы Иугонд Штаттæй. Бадзырдты афтæ ма, хайад исынц дэ-факто Абхазийы æмæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны республикæйы хицауады минæвæрттæ.

Дыууæ куыстон къордæй фыццаг куыстон къорды фæлгæтты æркаст цæудзæн æдасдзинады тематикæ, сæрмагондæй Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны хсæн тыхæй неспайда кæныны фæдыл бадзырдыл къух æрфыссын æмæ Гуырдзыстоны оккупацигонд регионты æдасдзинады æхсæнадæмон механизмтæ саразын.

Дыккаг куыстон къорды æркаст цæудзæн лигъдæтты сæ хæдзæрттæм æрбаздæхыны фаст, афтæ ма ноджы æндæр гуманитарон фартытæ, цахæм у мадæлон æвзагыл ахуырады райсыны ифтонгад, культурон хæзнадæтты бахъахъхъæнын, дихгæнæг хаххыл сæрибарæй змæлын æмæ æнд.

Print