Ног хабæрттæ
Къаралеты котеджы арæзт «Ачабеты дуне»
Вахтангашвили Мэрийы хæдзары чысыл Ачабет арæзт ис. Мерийы фырт гæххæттытæй уыцы бынаты макет сарæзта, цыран æрвыл изæры æмхъæуккæгтæ æрымбырд вæййынц. Сыгъдæг Эвстатейы кувæндон æмæ кæрты аналогмæ ныр йæ хъæбулы хъæбултæ зилынц. Æрвыл бон æй, рæсугъд дуртæй рæсугъд кæнынц.

Вахтангашвили Мэрийæн ныртæккæ ис цыппар чызг, иу лæппу æмæ фараст хъæбулы хъæбул. Хуыйæг у æмæ 1975 азæй 1989 азы онг Цхинвалы хуыйæн фабрикæйы куыста. Йæ дæсныйадæй абон дæр пайда кæны æмæ йæм бирæ клиент дæр цæуы. Бирæ азты дæргъы, стресс æмæ мастдзинад кæй бавзæрста, уымæ гæсгæ, йе ‘нæниздзинад фæцудыдта æмæ йын хуыйынæн æххуыс кæны йæ чындз Гъамбашидзе Хатиа. Вахтангашвили Мэри æмæ Гъамбашидзе Хатиа Ереды хъæуæй сты.

Абон дыууæйæн дæр сæ райгуырæн хъæутæ, Еред дæр, æмæ Ачабет дæр, сты оккупиронгонд æмæ дыууæ хъæуы дæр хæдзæрттæ зæххæмвæз сты.



«Цхинвалы хуыйæн фабрикæйы 1975 азæй куыстон. Иумæ куыстам ирæттæ, гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, дзуттæгтæ. Улæфты рæстæджы, фактивонæй, иу агæй, иу тæбæгъæй хордтам, Тынг хъæрмуд ахаст мын уыд алкæимæ дæр, уæлдайдæр та, Цхуырбаты Нателæимæ, зæгъæн ис æмæ куыд мад æмæ хъæбулы, куыддæр ацы конфликт райдыдта, уый уыд 1988 азы фæстæ, афтæ йыл Цхинвалы амбæлдтæн, æхсызгон мын уыд йæ фенд æмæ йæ бафарстон: Нателла, зæгъын, куыдтæ стут. Уый мын мæ цæстытæм ныккаст æмæ мын тынг æвзæр дзуапп ратта. Абоны онг дæр мæ нæ рох кæнынц йæ ныхæстæ, тынг хъыг мын уыдис. Афтæ æрцыди, æртыккаг тых не ‘хсæн куы æрлæууыд, иумæйагæйдæр, дыууæ адæймаджы æмахасты æртыккаг ма хъуамæ фæтъысса йæхи», - зæгъы Вахтангашвили Мэри

90-æм азты конфликты фæстæ, Вахтангашвили Мэри æмæ йæ бинонтæ Ачабеты хъæумæ ацыдысты цæрынмæ. Ам райдыдтой ногæй цæрын. Æхстытыл æмæ æндыгъд ситуацийыл сахуыр сты. Амæ нæгæсгæйæ, ацы хъæу, сых æмæ сыхæгты абоны онг дæр мысы.

«Тынг хорз сыхæгтæ мын уыдис. Нырма Цхинвалы хæдзары фесæфтам, уый фæстæ та – Ачабеты. Уыцы сыхæгтæ дæр фæйнæрдæм ныппырх сты, чи кæм цæры, чи та – кæм. Мæ уавæры мын ныр мæ хъæбул, мæ чындз æмæ мæ хъæбулы хъæбултæ рог кæнынц. Уыдон мын ам ног дуне сарæзтой», - дзуры Вахтангашвили Мэри.



Чындзы йæ хъæбултæй не ‘взары æмæ йын йæ дæсныйады дæр йæ фарсмæ лæууы. Гъамбашидзе Хатиа зæгъы, цæмæй йе ‘фсины хъуыддагдзинады кæй адарддæр кæндзæни. Уымæн æмæ йе ‘мкъайæн ныридæгæн æртæ хъæбулы ис. 2008 азы августы хæсты рæстæджы, уыдонæн уæд нырма иу хъæбул уыди, æмæ йыл цыд иу афæдз.

«Куы бацардыстæм, æз 21 аздзыд уыдтæн, мæ мой та – 22 аздзыд. Æз мæхæдæг Ереды хъæуæй дæн. Мæ хистæр хъæбул уæд иу аздзыд уыдис. Хæст куы сцырын, уæд уым уыдыстæм, рæстæгыл раирвæзтыстæм уыцы тæссагдзинадæй», - дзуры Гъамбашидзе Хатиа.

Йæ хъæбултæй, кæй зæгъын æй хъæуы, нæдæр Ачабеты æмæ нæдæр Ереды ничи хъуыды кæны. Райгуырæн хæдзары æмæ хъæуты ма кæд нывтыл фенынц уый йеддæмæ.

«Иу хатт мæ хъæбул æнæнхъæлæджы фæгæпп кодта, рацагуырдта ацы гæххæттытæ, цыдæр дам хъуамæ саразон. Стæй та лыстæг дуртæ æркуырдта. Фæстагмæ мæнæ ацы кувæндон сарæзта. Ныр та афтæ зæгъы, нæ хæдзары æмæ дам нæ кæрты дæр сараздзынæн», - зæгъы Вахтангашвили Мэри.



Print