Ног хабæрттæ
Бестауты Лили Эргнетæй
Бестауты Лили Эргнеты хъæуы цæры. Мамисанты сыхæй у. Мамисанты сых Цхинвалы горæтимæ арæн кæны. Уырдæм æввахс у Къасрадзеты сых дæр.

Йе ‘мкъай, 2008 азы августы хæсты фæстæ, фæзиан. Хæстон архæйдтыты рæстæджы, ус æмæ лæг дæр уыдысты хъæуы. Цытæ бавзæрстой уыдон хæсты рæстæджы, ууыл хицæн статья фыст æрцæудзæн. Бестауты Лили нын радзырдта, цæмæй хæстон архæйдтыты рæстæджы, фембæлди куыд мæсты ирæттимæ, афтæ, хæсты æвæндонæй хайадисæг цхинвайлæгтимæ. Уæрæсейы æфсæддон хæйтты ‘хсæн та, хорз йæ зæрдыл дары цæцæйнаг хæстоны, кæцы йæ «гыцци» хуыдта.

«Уыцы цæцæйнаг хæстон иу мæм афтæ дзырда: гыцци, гыцци, ма дам тæрс. Йæ мад ын бафæдзæхста, гуырдзиаг дам макуы амар æмæ уый дæр тырныдта сæххæст кодтаид йæ мады фæдзæхст», - дзуры Бестауты Лили.

Хæсты рæстæджы райсгæ травмæтæм гæсгæ, йе ‘мкъайы æнæниздзинад тынг фæцудыдта. Ныр хæдзары йæ хъæбулы хъæбултæм зилы, фæлæ йæ мойы амарды фæстæ нырма дæр йæ зæрдæйы хъæн нæ байгас. «Адæймаджы æмкъай зæрырдæм дæр æнæмæнг хъæуы. Хъуыды кæнын, цæмæй мæ ныр тынгдæр кæй хъæуы ме ‘мкъайы æххуыс. Фæлæ цы мæ бон у, царды фæстæмæ нæ раздахдзынæ», - зæгъы Бестауты Лили.

Фæсте та, Мамисанты сыхы цæргæ азтæ сты, цыран йæ фидæны æмкъайыл æнæнхъæлæджы фембæлди. «Цхинвалы скъолæты олимпиадæйыл уыдис, Къасрадзеты сыхы йæ фыдыхо цард. Цхинвалæй куы рацыдысты, уæд мыл фæндагыл амбæлдысты уый æмæ йе ‘мгæрттæ. Бафарста мæ, йæ фыдыхойы хæдзарæй, нæ дам мын æй бацамондзынæ. Цыма йæ йæхæдæг нæ зыдта йæ фыдыхо кæм цард уый. Стæй нæм хæдзармæ æрбацыдысты, уый æфсонæй, цыма сын цыдæр фехæлдис æмæ сæ æххуыс хъуыди. Цыбыр дзырдæй афтæ базонгæ дæн мæ фидæны æмкъаимæ æмæ дзы смой кодтон. Ницы фæсмон фæкодтон, куы уын зæгъын, зæрырдæм мæ йæ сæр ноджы тынгдæр хъæуы», - дзуры Бестауты Лили.

Бестауты Лили зынгæ ирон фыссæг Бестауты Гиуæргийы æфсымæры чызг у. Бестауты Гиуæрги гуырдзиаг æвзагæй ратæлмац кодта ирон æвзагмæ «Стайы цармдарæг». Чысыл раздæр, ацы чиныг Бестауты Лили балæвар кодта Эргнеты хъæуы гуырдзиаг фысджытæн, Турашвили Дато, Бугъадзе Лаша æмæ Амагълобели Ратийæн. Куыд рабæрæг афтæмæй, иронау тæлмац «Стайы цармдарæг» иунæг экземпляр разынди. Турашвили Дато хъавы, цæмæй чиныг Эргнеты «Хæсты музеймæ» ратта.


Print