Ног хабæрттæ
Цонгдыхæй ерысты чемпион Квешы астæуккаг скъолæйы ахуырдзау сси
Гуры муниципалитеты Квешы хъæуы астæуккаг скъолæйы ахуырдзау Мезвришвили Бека Гуырдзыстоны чемпион у. Цонгдыхæй ерысты, рахиз къухæй аспарез кæнынады, сыгъзæрин медаль райста.

12-æм къласаг ахуырдзауæн уæлахиздзинад скъолæйы администраци раарфæ кодта.

Ацы аспарез кæнынадыл ма, кæцы уагъд æрцыд Тбилисы, хорзæхтæ райстой гуйраг æндæр спортсментæ дæр.

Сениорты ‘хсæн Нариашвили Бидзина (90 кг), ацы рæстæг уый, гуйраг цонгдыхæй ерысгæнджыты тренер, чемпион сси. Æвзист медалы хицау баци галиу цонгæй ерысы Хитъуридзе Леван (55 кг), уый ма рахиз цонгæй æртыккаг бынат дæр райста. Ноджы иу æртыккаг бынат Къобахидзе Владимеры (75 кг) хыгъдыл ис.

Гуры муниципалитеты спорты райрæзты æмæ къухарæзты агентады минæвар Балахадзе Васил нысан кæны, цæмæй фæстиуæгтæм гæсгæ, комплектгонд æрцыд Гуырдзыстоны æмбырдон къорд, цыранмæ гуйраг цонгдыхæй хæцджытæ дæр бахаудтой.

Print