Ног хабæрттæ
Сылгоймæгты сабырадон организаци гуырдзиæгты æмæ ирæтты ‘хсæн æцæгæлон кæныны ныхмæ
Абон, 8-æм мартъийы, сабырадон организаци «Сылгоймæгтæ сабырады æмæ æдасдзинады тыххæй» уæвынады 10 азы юбилей сбæрæг кодтой. Организацийы уæнгтæ сты уыцы адæймæгтæ, кæцыты хæст лигъдæттæ скодта. Ацы организацийы сконды, фæмардуæвæг хæстонты бинойнæгтæ дæр сты. Организацийы уæнгты сæрыл æрцæугæ хабæрттæ конфликты алфæмблай зилынц.

«Сылгоймæгтæ сабырады æмæ æдасдзинады тыххæй» 2008 азы арæзт æрцыд. Йæ аразджытæ уыдысты Манана Мебуке æмæ цхинвайлаг Козаты-Цхуырбаты Лира. Гуырдзиаг æмæ ирон сылгоймæгтæ кæрæдзийыл æндæр æмæ æндæр бæстæты æмбæлдысты. Æппæты фыццаг ахæм фембæлд 2008 азы хæстæй хæрз чысыл рæстæджы рацыдæй Бакойы сарæзтой æмæ плæнттæ дæр скодтой. Чысыл фæстæдæр, организаци Цхинвалы æхгæд æрцыд, политикон уавæрмæ гæсгæ. Гуырдзыстоны та, йæ номхуынд фæивта. Организацийы саразæг Манана Мебуке æнæхосгæнгæ низæй фæзиан.

«Алы фембæлд дæр Манана Мебукейы номарынæй райдайы. Йæ куыст ын абон Кутателадзе Нино дарддæр кæны. Сæ куыст дарддæр кæнынц гуйраг сылгоймæгтæ дæр. Сабанадзе Нанайы ныхасмæ гæсгæ, организацийы уæвынад æнæмæнгхъæугæ у, уымæн æмæ, цæмæй дихгæнæг хаххы иннæ фарс баззайгæ адæймæгтимæ контакт ма аскъуыйа. «Рæстæг æрцæудзæн, æмæ мæн уырны, гуырдзиæгтæ æмæ ирæтты иумæ цæрыны фарст политиконæй скъуыддзаггонд кæй æрцæудзæн, æмæ ма хъуамæ æрцæуа афтæ, цæмæй дыууæ фарсæрдыгæй цæрæг адæймæгтæ кæрæдзийæн æцæгæлæттæ уой », - зæгъы Сабанадзе Нана.

Леуахигомæй лигъдон Чилæхсаты Галинæ 2008 азы августы хæсты фæстæ Шаушвебы лигъдæтты цæрæнуаты цæры. Уый Гурмæ абон специалонæй сылгоймæгты номарæн мадзалы хайад исынмæ æрцыд. Ныхасы рацæугæйæ уый цхинвайлаг сылгоймæгтимæ æмхастыты историтæ æрымысыд æмæ сын Гурæй сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл иронау раарфæ кодта.

Гуры, уазæгдон «Викторийы» ауагъд фембæлд «Инвалид-хæстонты æмæ амæлæг тохгæнджыты бинойнæгты бастдзинады инциативæй» арæзт æрцыд. Банысан кодтой, цæмæй конфликтмæ æнæгæсгæйæ сылгоймæгтæ æдзухæй кæй тырнынц историон æмдзарды бахъахъхъæныныл. Фембæлды хайадисджытæ 2018 азы æндæр æмæ æндæр хуыз активтæ сплан кодтой æмæ банысан кодтой, цæмæй уæвæг уавæры активондзинад æнæмæнгхъæугæ у оккупацион хаххы дыууæ фарсы ‘рдыгæй цæрæг æрыгон фæсивæдæн раст информаци бадæттыны цæстæнгасæй.

Фарниашвили Фати Цхинвалæй у лигъдон, ныртæккæ Плауы хъæуы цæры йæ бинонтимæ иумæ. Йæ фыд ирон уыд, йæ мад гуырдзиаг. 9 азы размæ æрцæугæ истори йын абоны бон йæ зæрдыл æрлæууын кодта. Хæсты фæстæ 2009 аз уымæн иуæй-иу уæззау период уыд, уыцы рæстæджы йæ хъæбул æнæнхъæлæджы фыдбылызæй аирвæзт. Уыцы аз гуырдзиæгтæ Плауы хъæумæ ‘ввахс æрхаугæ æнæпилотон хæдтæхæджы бынаты минæйы сæхалын бафæлвæрдтой. Минæ дыууæ механизмимæ арæзт разынди, æмæ сæ уый рæдыддзинадмæ ркодта.

«Мæ хъæбул уыцы рæстæджы цæхæрадонæй æрбацæйцыди æмæ, цымыдисдзинадмæ гæсгæ, æрлæууыд. Минæхалæджы фарсмæ æрлæууыди. Нæ зонын, цы фæхатыд йæ зæрдæ уыцы дзæнæты бадинагæн, фæстæмæ йыл рахæцыд æмæ йæ фæстейæ æрлæууын кодта. Мæ хъæбул уый фæрцы удæгасæй баззади», - зæгъы Фарниашвили Фати. Уыцы факт сыхаг ирон хъæуы цæрджыты хъусы онг дæр фæхæццæ ис. Фати афтæ зæгъы, цæмæй хохы фарсыл ирон сылгоймæгтæ дæр куыдтой æмæ сæ кæуыны уынæр уыцы бынатмæ хъуыстис».

Абоны фембæлдыл Цхинвалы ахæстоны 23-æм февралы амæлæг Татунашвили Арчилы фарстæйыл æруынаффæ кодтой. Сылгоймæгтæ дэ-факто Республикæйы хицауадмæ басидтысты, цæмæй марды буар амæлæджы мадæн æвæстиатæй лæвæрд æрцæуа.

Print