Ног хабæрттæ
Никозы сабиты рæвдауæндоны иу сабийæн йæ къух асаст
2018 азы январы мæйæ 2018 азы апрелы мæйы онг, Гуры муниципалитеты скъолæагъоммæ хъомылгæнæн агентады ‘рдыгæй, дисциплинон хъуыддаджы æвзарæн куыст уыд æдæппæт 5 хъуыддагыл. Ардыгæй дыууæ директоры æфхæрд райстой, æмæ æртæйæн та рагфæдзæхст раттой.

Мониторингы куыстуаты хатдзæгмæ гæсгæ, бæрæггонд æрцыд, цæмæй Никозы сабиты рæвдауæндоны директор ахуырадон процессмæ йæ хъус рæстмæ не ‘рдардта. Нысангонд сабиты рæвдауæндоны хъомылгæнинаг къордæй сывæллон рахъуызыд, кæрты атракционмæ схызт, рахаудта æмæ йæ къух ацъæл кодта.
Карз æфхæрд райста ноджы иу сабидоны директор. Ууыл Гуры мериамæ æрбацыд хъаст, кæцымæ гæсгæйæ, директор æмæ сабийы ныййарджыты ‘хсæн, быцæудзинадæн уыд бынат.

Рагфæдзæхстытæм та цы хауы, уымæй, æртæ директоры рогдæр æфхæрд райстой. Ацы директортæй сæ иу хорз боныхъæды рæстæджы хъармгæнæн баиу кодта. Мониторингы куыстуаты специалисттæ сбæрæг кодтой, цæмæй хурбоны, йæ рудзгуытæ гом, афтæмæй хатæны хъамгæнæн уыд иугонд. Рагфæдзæхст раттой уый тыххæй, æмæ ресурсты пайдакæнынад кæй нæ уыд нысанон.

Иннæ директоры та, агентады сæргълæууæг æмæ мониторингы къорды уæнгтæ дыууæ хатты, бынаты нæ баййæфтой. Кæм уыдис, уый, ничи зыдта ахуыргæнджытæй дæр.

Горæты сабидæттæм та, цы хауы, уымæй, горæты иу сабидоны директор уайдзæф райста уый тыххæй, æмæ сабидоны кæрты цъайæн йæ сæр кæй уыд гом æмæ рæстæгыл кæй нæ фехъусын кодта агентадмæ.

Print