Ног хабæрттæ
Мерет æмæ Гугутъианткъарийы фæндагыл та бырæттæ ноджы калынц
Гуры муниципалитеты хъæуты, Мерет æмæ Гугутъианткъарийы фæндагыл стихион быронкалæн та ноджы фæзынди. Гуры муниципалитеты «Хуыздæр лæггады агентад»-ы æмкусджытæ ацы территори 22-æм февралы ныссыгъдæг кодтой.

Дыууæ мæйы фæстæ, доны былгæрон фæстæмæ бырæттæ калд уыд. Бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ, уый аххосаг у, быронкалæн контейнертæ дзы æвæрд кæй нæй. Цæрджытæн æндæр гæнæн нæй æмæ сæ бырæттæ донбылгæронмæ хæссынц.

Мерийы пресс-куыстуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, майы кæронмæ 188 быронкалæн контейнеры балхæндзысты, кæцытæй, раст, уыцы хъæуты сифтонг кæндзысты, цыран ацы быронкалæнтæ хъæугæ сты.

Ай тыххæй бынæттон бюджетæй 125 000 лари хицæнгонд æрцыд. Тендеры хайад райсыны æмгъуыд 14-æм майы фæуд кæны. Фæуæлахизы фæстæ та, компани 90 боны мидæг хæсджын у контейнертæ Мериамæ бадæтта.


Print