Ног хабæрттæ
Къодайы цæрæнуаты лигъдæтты профессионалон цæттæгæнæны программæимæ базонгæ кодтой
Къодайы цæрæнуаты лигъдæттæн, «Профессионалон цæттæгæнæн-бацæттæгæнæн æмæ квалификацийы сбæрзонд кæныны паддзахадон программæйы» тыххæй, информаци бадæттой. Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн Ереды муниципалитетæй фехъусын кодтой.

Администрацийы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, фембæлдыл уыдысты цæрæн уавæртæй ифтонгкæныны агентад æмæ Ереды гамгеобайы минæвæрттæ.

«Фембæлдыл, агентады программæты менеджеры ныхсмæ гæсгæ, лигъдæттæн программæ, кæцыйы социалон лæггады агентад æххæст кæны, баххуыс кæндзæн фæллойады базарыл æрдомгæ професситæй куыст агурджыты профессионалон цæттæгæнæн-бацæттæгæнæны, афтæ ма, куысты бынатыл уый фæстæ къух сарæзт стажерæй уыдоны конкурентхъомдзинады сбæрзонд кæнын æмæ стæй ахæм амалæй кусын райдайынæн», - зæгъынц гамгеобайы.

Программæйæ пайдакæныны бар ис 16 азы карæй чи ахызтис уыцы куыстхъом уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, Гуырдзыстоны статусы уæвынады æмбæстон нæ уæвæг гоймæгтæ, лигъдоны æмæ гуманитарон статусы уæвæг гомæгтæ.



Print