Ног хабæрттæ
Гуры районы контролон-уадзæн постыл спецразмы æмкусæг фæмард
8-æм майы, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуы, полицæйы постыл спецразмы æмкусæг фæмард.

Цæрæнбонæн тæссаг цæфтæ уый, куыд зæгъынц афтæмæй, зынгæхсæн хæцæнгарзæй райста. Цæф полицæйаг райсом 8 сахатыл нырма Тхъвиауы рынчындонмæ бакодтой, уый фæстæ та йæ Гуры медицинон центр «Гормеды» схуыссын кодтой.

Уымæ нæ кæсгæйæ, Мидхъуыддæгты министрады æмкусæджы фервæзын кæнын сæ къухы нæ бафтыд.
Мидхъуыддæгты министрад курдиат нырма нæ раппарахат кодта.

Print