Ног хабæрттæ
Квемо Чъалайæ Сакъоринтло-Ахалшены онг 2,7 км дæргъмæ асфальт арæзт æрцæудзæн
Гуырдзыстоны хицауады уынаффæмæ гæсгæ, дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæу Сакъоринтлойы ног асфальт арæзт æрцæудзæн. Уый тыххæй, 1,6 милуан лари бюджетæй рахицæн кодтой. Фæндаджы дæргъ 2,7 км-ы у.

Ацы суммæ Къаспы мерæн лæвæрд æрцыд, æмæ фæндаг арæзты куыстытыл дзуаппдæттæг уыдзæнис. Куыстытæ райдайдзысты сæрды æмæ фæуыдзысты æртæ мæймæ.

Проекты фæлгæтты æркастгонд ис, фæндаг аразын райдайдзысты Квемо Чъалайæ, ахиздзæн Сакъоринтлойыл æмæ бахæццæ уыдзæн Ахалшенмæ.
Автомобилон фæндаджы реабилитацион фадыгæн, кæцыйæн капиталон цалцæггæнæн куыстытæ дыууын азæй фылдæр уагъд нæ уыд, æвдисы бынæттон нысаниуæгджын фæндаджы, асфальты цъар ыл æппындæр нал баззад æмæ дзы фæзынд дзыхъхъытæ.

Ацы фæндагыл нæй арæзт куыд дæргъмæ, афтæ цæхгæрмæ донлæдæрсæн, донвæндаг системæ бынтондæр æдзæттæ у, къæвдайы рæстæджы дзыхъхъытæ къæвдайы донæй байдзаг вæййынц æмæ дзы ахизынæн тæссаг вæййы.

Сакъоринтлойы фæндаджы тыххæй Шида Картлийы информацион центр цалдæр хатты бацæттæ кодта репортаж. Бынæттон цæрджытæ фæндаджы сцалцæг кæнын бирæ рæстæг домттой. Ныртæккæйы проектмæ гæсгæ, цалцæггæнæн куыстытæ æртæ мæйма хъуамæ æххæстгонд æрцæуой.


Print