Ног хабæрттæ
Евроцæдисы Мисси дихгæнæг хаххы цур ног хæххыты ауадзыны факты ныхмæ у
Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси хъусинаг рапарахат кодта, кæцы дэ-факто Хуссар Ирыстоны административон арæнмæ ‘ввахс Никозы территорийыл уæвæг уавæрмæ хауы.

Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси лæмбынæгæй йæ цæст дары ацы куыстытæм æмæ Никозы территорийыл дарддæр кæны йæ патрул кæнынад. Миссийы сæрмагонд анализмæ гæсгæ, уымæн йæ бон у сбæлвырд кæна, цæмæй майы мæйы арæзт иуæй-иу къахт æцæгæйдæр кæй ис административон арæнмæ ‘ввахс территоритыл.

Мисси адарддæр кæндзæн цæстдарддзинады, йæ хъуыды æмæ хыгъдлæвæрд хъусын кæндзæн ацы хъуыддаджы тыххæй, кæцы йæ мандатмæ гæсгæйæ æвдыст цæуы стабилондзинады æмæ дыууæрдæм сæрибарæй цæуыны тыххæй.

Мисси нысан кæны, цæмæй фæстаг рæстæджы æрцæугæ фæзындтæм æркаст уыдзæн инцидентты превенцийы æмæ уыдоныл реагир кæныны механизмы фæлгæтты Эргнеты 15-æм майы ауагъд фембæлдыл», - нысангонд ис хъусинаджы.


Print