Ног хабæрттæ
Иу бон Цхинвалы изоляторы
Дирбы хъæуы аргъуаны сауджын, фыд Иоане (Оханашвили)-йы Уæрæсейы æфсæдтонтæ уыцы рæстæджы æрцахстой, Мугуты хъæуы кувæндоны цур куы уыдис. Мугуты хъæу дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс у. Кувæндон та, Карелы муниципалитеты Дваны хъæуы Сыгъдæг Георгийы аргъуанмæ ‘ввахс ис. Дваны аргъуан æмæ Мугуты кувæндоны ‘хсæны цъæх банер ис, кæцы æнæрасидгæ арæны нысангæнæг у.

«Куыд зыны афтæмæй, мугуттæгтæ ацы кувæндоны цурмæ фæцæуынц, уый тыххæй æмæ сын Дваны аргъуанмæ ‘ввахс бацæуæн нæй. Ацы аргъуанмæ, кæцыйы алыварс сæ уæлмæрдтæ ис. Цæмæн нæ хъуамæ цæуой уыдон Дваны аргъуанмæ æмæ бабæрæг кæной сæ рагфыдæлты уæлмæрдтæ?», - зæгъы дины кусæг, кæцыимæ интервью Шида Картлийы информацион центр ныффыста.

Фыд Иоане 2018 азы 5-æм июны райсомæй Дваны аргъуанмæ фистæгæй ссыдис. Кувыны фæстæ, Мугутмæ ‘ввахс территорийы бабæрæг кæнын аскъуыддзаг кодта. Уый алыхатт дæр фæндыдис, цæмæй уыцы фарс дæр федтаид:

«Алыхатт дæ фæнды, цæмæй арæнтæ рауæрæх кæнай æмæ фылдæр адæймагæн зæгъай Чырыстийы æцæгдзинады тыххæй. Дирбы хъæумæ сауджыны кувын-аргъуыдæй куы æрцыдтæн, тынг цъус аргъуан-моладзандон уыд архайгæ. Абон, æрмæст, Дирбы хъæуы 4 архайгæ аргъуан ис. Уымæ гæсгæ, мæм фæзынди фæндондзинад, цæмæй уыцы аргъуанты дæр райдайон кувын-аргъауын, кæцы дихгæнæг хаххы иннæ фарс баззад», - зæгъы Фыд Иоане.

Мугуты кувæндоны цур æй Уæрæсейы æфсæдтонтæ фæфиппайдтой. Бацыдысты йæм æмæ йын загътой, цæмæй а.х. арæныл æрбахизыны тыххæй, уый хъуамæ Цхинвалмæ семæ рацæуа.

«Раст уын куы зæгъон, æхсызгондæр ма мын уыд. Мæ бацыд уырдæм, кæд гæнæн ис æмæ афтæ зæгъæм, кæмдæр хорздæр рауад. Æз базонгæ дæн адæймæгтимæ, кæцытæн ныр сæ ном арын мæ кувæнты. Иу бон фæдæн Цхинвалы изоляторы æмæ хорз фæныхас кодтон уыдонимæ», - зæгъы динон гоймаг.

Уæрæсейы æфсæдтонтæ уый Цхинвалмæ акодтой. Бакодтой йæ дэ-факто республикæйы æдасдзинады куыстуаты бæстыхаймæ.



Фотойыл: Дваны Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуан, кæцымæ ‘ввахс ис Дваны, Земо Дваны æмæ Мугуты иумæйаг уæлмæрд.

«Уым изоляторы, дыууæ ирон лæппу уыдис, кæцытæ Тбилисы цардысты. Сæ дада æмæ сæ нанайы уынынмæ æрбацыдысты Цхинвалмæ. Паспорт сæм нæ уыдис æмæ сæ æрцахстой. Раст сæ уыцы бон рауагътой, мæн куы бакодтой. Мæнмæ гæсгæ йæ уыцы лæппутæ загътой мæ акæныны хабары», - зæгъы динон гоймаг.

Динон гоймаг зæгъы, цæмæй изоляторы уæвыны рæстæджы, уымæн тынг интересон ныхас уыд иу æвзонг офицеримæ (æвæццæгæн мугуттаг уыдаид) æмæ ма ноджы полковникимæ.

«Уыцы æвзонг лæппуйы бафарстон, зæгъын, цахæм уыди Мугуты хъæуы динон уавæр; уыдис æви нæ аргъуыдгонд (натлигонд). Дзуапп мын ратта, цæмæй кæй уыдис аргъуыдгонд бынæттон, динон номхуынды уæвæг гоймаджы ‘рдыгæй. Бамбарын ын кодтон, цæмæй ахæм аргъуыддзинад (натлоба) нымад кæй нæ цæуы, уымæн æмæ уырдыгон сауджынтæ къухæвæрд несты æмбæлон æгъдауæй. Загъта мын, цæмæй мын кæд гæнæн уыдзæнис, уæд æй снатлиа кæнон æз», - зæгъы Фыд Иоане.

Изоляторы уæвыны рæстæджы динон гоймагæн загътой, цæмæй Мугутдæр æмæ Цхинвал дæр ирæтты зæххытæ сты:

«Кæй зæгъын æй хъæуы, дзуапп сын раттон, цæмæй ацы зæхх махæй алкæйдæр у; ирæтты дæр æмæ гуырдзиæгты дæр; цæмæй уыдон картлиаг ирæттæ сты; цыран æмхæццæ бинонтæ дæр цардысты æмæ уыдоны ‘хсæны хыл кæнын нæй гæнæн», - дзуры нын динон гоймаг.

Зæгъы, цæмæй дэ-факто Хуссар Ирыстоны æдасдзинады куыстуаты хистæры столыл картæ тыгъд уыдис. Уырыссаг картæйыл Цъунары хъæу уыдис фæнысангонд. «Зонут, цы нысан кæны Цъунар? Ацы хъæуы арæзт аргъуаны гумбати бафаудта Тамар-паддзах. Æз ын загътон, цæмæй уыцы аргъуаны аразджытæ цардысты аргъуаны алфæмблай, кæцытæ абон лигъдæттæ сты. Афтæ ма йын загътон, уый дæр, зæгъын, зонут, цæмæн хонынц цæугæдоны Тъилиана? Тамар-паддзах афтæ загъта, цы ми, дам, бакодта ацы тъилиани (сыстæйдзаг) цæугæдон», - дзуры динон гоймаг.

Фыд Иоане Цхинвалы уыцы боны ныууагъта. Йе ‘ссæрибаркæныны фарст, дэ-факто республикæйы тæрхондон иу бонмæ аскъуыддзаг кодта. Параллелонæй, Тбилисы стыр фæдис уыд. Фыд Иоане фарстагæнæн актыл йæ къух не ‘рфыста, цыран хъуамæ загътаид, цæмæй «цыма уый бахызти Хуссар Ирыстоны» арæныл.



Фотойыл: Дваны аргъуанæй ракæсгæйæ, цыран Уæрæсейы оккупацион æфсæддон базæ зыны. Йæ дæлейæ цæрæн хæдзæрттæ ис, цыранæй Мугуты хъæу райдайы.


Print