Ног хабæрттæ
Гъамбашидзе Кетеван Ередæй – 10-азон фæндаг фатеры агургæйæ
Гъамбашидзе Кетеван, 2018 азы 15-æм июны, Гуры, хæрзногарæзт корпусы 3-уатон фатермæ йæ хъæбулы хъæбултимæ иумæ бацыдис цæрынмæ. Уый Тбилисы кусы æмæ куыстмæ ныр Гурæй цыдис.

Абон райсомæй уымæ полицæйæ æрбадзырдтой, цæмæй фатеры фарстæйы тыххæй Гуры мидхъуыддæгты уагдоны уымæн йæ номыл кæй ис фыстæг райсинаг. Гъамбашидзе Кетеван йæ чындзмæ адзырдта, цæмæй цалынмæ уый Тбилисæй фæстæмæ æрбаздæхтаид, уый бацыдаид полицæйы хайадмæ æмæ райстаид фыстæджы.

Куыддæр уымæн йæ чындз сывæллæттимæ бацыд полицæйы хайадмæ фыстæг рахæссынмæ, уыцы рæстæджы, хъахъхъæды куыстуаты минæвæрттæ 3-уатон фатеры дуар сæхгæдтой æмæ йын йе ‘хгæнæны ивыныл балæууыдысты. Корпусы бахизæны полицæ æрлæууыдис æмæ 8-уæладзыгон корпусмæ никæйуал бауагътой.

Фæстæмæ æрбаздæхгæ чындзы корпусмæ нал бауагътой. Гъамбашидзе Кетеван изæры Тбилисæй æрбаздæхти. Лигъдæтты министрады прес-куыстуат рапарахат кодта информаци, цæмæй Гъамбашидзе Кетеван бар нæ райсгæйæ тыхæй бацыд фатермæ. Курдиатмæ гæсгæ, комбинаты цæрæнуаты арæзт фатертæ æмбæлдысты æрмæстдæр Гуры цæрæг лигъдæттæн.

Гъамбашидзе Кетеван зæгъы, цæмæй уый ацы уавæры æнæуи дæр тынг хорз зыдта, фæлæ, уый фæстæ, куыд рабæрæг, афтæмæй Гуры цæрæг лигъдæттæн 3-уатон фатертæ (33 фатер) нæ раттой, кæнæ нæ байуæрстой, уый базонгæйæ, Гъамбашидзе Кетеван курдиат балæвæрдта лигъдонты министрадмæ. Министрадæй райста дзуапп, цæмæй хъыгагæн 1-уатон фатер кропусы кæй нал уыдис сæрибар. Уымæн æндæр гæнæн нал уыдис æмæ æнæбар райсгæйæ æхгæд 3-уатон фатермæ бацыдис æмæ 5-удон бинонтæн 10-азон агуырды фæстæ цæмæй раттаиккой фатер.

Йæ интерьвюйы Гъамбашидзе Кетеван радзырдта уыцы истори, кæцы уый 2008 азы августы хæсты фæстæ бавзæрста. Уый æмæ йæ бинонтæ Ередæй сты лигъдæттæ. Йæ хъæбулы хъæбултæ ам райгуырдысты æмæ ам схъомыл сты. Фенут Гъамбашидзе Кетеваны истори интервьюйы.



Print