Ног хабæрттæ
Гуры лигъдæтты ног корпусты ныккæнды цъыфдзаст у
Комбинаты цæрæнуаты цы лигъдæтты корпустæ ис уыдонæн сæ ныккæндты цъыфдзаст у. Уый æвдисæг фотойы Шида Картлийы информацион центр систа.
Уымы цæрджыты ныхасмæ гæсгæ, дон нырма цалынмæ корпусы æрцардысты уæдмæ дæр уыдис æмæ уый фæстæ дæр ницы фæивта.

Кенкадзе Циала, Цхинвалæй лигъдон зæгъы, цæмæй доны тымбылгæнæны конкретон аххосаг æнæзонгæ кæй у:

«Мах ардæм куы æрбацыдыстæм, уæддæр дзы лæууыд дон. Нæ зонæм, кæцæй æмбырд кæны. Кæй зæгъын æй хъæуы æмæ йæм къæвдайы дон дæр æфты, фæлæ иуæй-иу хатт къæвдатæ нæ вæййы, фæлæ уым уæддæр доны цад вæййы. Тæф кæнын дæр байдыдта», - зæгъы Кенкадзе Циала.

480 лигъдон бинонтæн æмбæлгæ объекты арæзтад 2015 азы райдыдта. Куыстытæ тендеры фæуæлахизуæвæг компани «Трансмшени» æххæст кодта. Шида Картлийы информацион центр куыд сбæрæг кодта, уымæ гæсгæ, банысангонд компани лигъдæтты министрады ‘рдыгæй расидгæ тендерты арæх фæуæлахиз вæййы, æмæ уый тыххæй Qartli.ge уымы кусджыты тыххæй дæр бацымыдис кодта.

Сбæрæг, цæмæй йæ генералон директор (фæтæгены æмæ газы компанийы раздæры минæвар) Шенгелиа Иракли 2016 азы июны æмæ июлы политикон партиты (ног Гуырдзыстон æмæ æнтыстджын Гуырдзыстон) финансгæнæг у, æдæппæт 8000 ларийæ. Фæлæ банысангонд компанийы сæрдары хæдивæг Гварамадзе Михеилæн 2016 азы 25-æм августы 10 мин ларийы лæвæрд ис «Гуырдзиаг бæллиццæн».


Print