Ног хабæрттæ
«Къодайы сабыр у», - зæгъы Атъоцы минæвар
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Къодайы хъæуы цæрджытæ змæлд «Тых иудзинады» минæвæртты ситуацийы барæй æндыгъд кæныны тыххæй фæахосджын кодтой. Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центримæ ныхас кодта Карелы меры минæвар Атъоцы хъæуы Гулисашвили Мариам.

Уый ныхасмæ гæсгæ, змæлд «Тых иудзинады» уæнгтæн бынæттон цæрджытæ бафæдзæхстой, цæмæй сæхи уромой уæлдай провокацион архæйдтытæй.

«Бауадзой ацы адæмы сабырæй цæрын. Æппындæр ногæй ницы цæуы. Уырыссæгтæ цырандæриддæр лæууыдысты, уыцы ран рагæй лæууынц. Уымæ гæсгæ, уыцы информаци, кæцы рапарахат ис, цыма оккупанттæ хъæуы æрцахсынмæ хъавынц, нæу раст, гæдыныхас у. Æппæтæй хуыздæр хъæуы цæрджытæ зонынц ам уæвæг ситуацийы. Тыхæндыгъд уавæр аразынц æмæ цæрджытæн дæр сæ нервытæ халынц», - зæгъы мерийы минæвар Гулисашвили Мариам.

Уый зæгъы, зæгъгæ, цæмæй къодæгтæ змæлд «Тых иудзинады» уæнгты хъæу ныууадзын æрдомдтой.

«Афтæ сын куы загътой, уæд уыдоны дзуапп ахæм уыд, цæмæй дам, сымахæн полицийæгтæ амонынц афтæ махæн зæгъын. Фæлæ цæмæн хъæуы ацы адæмæн исчи исты зæгъа, сæхæдæг хуыздæр зонынц æмæ æмбарынц, ам цы цы уавæр ис», - зæгъы Гулисашвили Мариам.

Змæлд «Тых иудзинады» уæнгты курдиатмæ гæсгæ, уырыссаг æфсæддонтæ Къодайы хъæуы оккупацион хаххы ацырдыгæй Гуырдзыстоны хицауады дæлбаруæвæг территорийыл рацу-бацу кæнынц.

Сæ рейды бынатæй бынæттон цæрджыты хæдзæрттæ æдæппæт цалдæр дæсгай метры дæрддзæфмæ сты. 5-æм июлы, афтæ куыд раззаг бонты, Къодайы хъæуы змæлгæ оккупантты къорд координатты снысан кæныныл архайдта. Æвæццæгæн, уыдон Къодайы хъæуы арæзт оккупацион æмбонды ногæй саразынмæ хъавынц. Æмбонды инсталаци 2013 азы райдыдта æмæ тагъд рæстæджы æрлæууыд, фæлæ, ацы фарстæйы Цхинвалы дэ-факто хицауад ацы сæрды æнæнхъæлæджы сактивон кодта, сарæзта «сæфт территориты раздахыны рæстæгмæ парламентон къамис». Цхинвалы дзурынц, цæмæй иуæй-иу хъæутæ æмæ, се хсæны, аргъ кæмæн нæй ахæм бынæттæ (гуырæнтæ), «цавæрдæр хинтæй, гуырдзыйырдыгæй аззадысты. Дэ-факто хицауады претензитæ Къодайы хъæумæ ‘ввахс Доломиты æмæ Цнелисы уæвæг Талкы гуырæнтимæ баст у», - нысангонд ис змæлд «Тых иудзинады» куырдиаты.

Print