Ног хабæрттæ
Къаспы спортивон скъолæйы уырыссаг «Патриоттæн» хæлардарæг ахуыртæ уыд
Уæрæсейы Федерацийы Новороссийскы горæты дзюдоисттæ Къаспы спортивон скъолæйы хæлардарæг ахуыртæ ауагътой. Фысымиуæг сын кодтой клуб «Тохгæнджыты» уæнгтæ.

Уырыссаг «Патриоттæ» æмæ гуырдзиаг «Тохгæнджытæ» кæрдзиимæ базонгæ сты Атены ауагъд турниры рæстæджы æмæ стæй ацы æмахастытæ Гуырдзыстоны дæр адарддæр кодтой.

Бынæттон спортивон журналисты, Талахадзе Амираны бæрæггæнæнмæ гæсгæ, клубты минæвæрттæ хæларадон ахуыртæ æвæццæгæн Уæрæсейы дæр адарддæр кæндзысты.

Къаспы спортивон скъолæйы директор Нипаришвили Гиорги телефоны дзæнгæрæгæн нæ дзуапп кæны.

Print