Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
«Сырх Дзуар» хæсты фæмард гоймæгты стæгдарты агурыны куыст дарддæр кæны
Майы мæйæ сноггонд къæхтытæ æнхъæлц бынæттыл сентябрмæ фæуыдзысты, уымæ гæсгæйæ ацы периоды дæргъы ссаргæ гоймæгты стæгдарты нымæц, фæззæджы рабæрæг уыдзысты. Ай тыххæй Шида Картлийы информацион центрæн «Сырх Дзуары» æхсæнадæмон камитетæй фехъусын кодтой.

8 азы дæргъы 349 адæймаджы стæгдары æмæ сæ фрагментты æрцагурын ныр гæнæн сси, кæдонæй 155 адæймаджы ныридæгæн базыдтой. Организацийы информацимæ гæсгæ, марды стæгдарты базоныны процедурæйы фæуды фæстæ уыдон сæ бинонтæн лæвæрд æрцыдысты, иннæ стæгдарты базоныны процесс та нырма дæр дарддæр кæны.

«Æбæрæг сæфт адæймæгты æрцагурыны программæйы фæлгæтты Сырх Дзуары æхсæнадæ-мон камитеты, куыд гуманитарон организацийы эгидæй æмæ уый разамындимæ иумæ 2010 азы арæзт æрцыд 2 гуманитарон координацион механизмы: 1) кæцы æрцагурдзæн 1992-93 азты Абхазийы конфликты рæстæджы æмæ уый фæстиуæгæн фæтарыуæвæг гоймæгты (гуырдзиаг æмæ абхазаг минæвæртты хайадистæй) æмæ 2) кæцы æрцагурдзæн Самачаблойы 90-æм азты æмæ 2008 азы августы конфликты рæстæджы æмæ уый фæстиуæгæн фæтарыуæ-вæг гоймæгты (гуырдзиаг, ирон æмæ уырыссаг хайадисджыты). Дыууæ механизмы минæвæрттæ рæстæгæй – рæстæгмæ фембæлынц æмæ кæрæдзиимæ баивынц сæ къухы уæвæг информациты потенцион ингæнты æмæ фæтарыуæвæг адæймæгты тыххæй. Уымæ гæсгæйæ арæзт цæуы æбæрæгæй сæфт адæймæгты номхыгъды сног кæнын. Фыццаг механизмы лигъдæтты министрад хайад исы, дыккаджы та – паддзахадон æдасдзинады куыстуат», - зæгъы «Сырх Дзуары» æхсæнадæмон камитеты минæвар Кардава Майа.

Организацийы информацимæ гæсгæ, ацы рæстæгмæ 2500 адæймагмæ ввахс нымад цæуы æбæрæг сæфтыл 1992-93 азты Абхазийы конфликты æмæ Цхинвалы регионы 90-æм азты æмæ 2008 азы августы конфликтты фæстиуæгæн. Ацы нымæцмæ хауынц гуырдзиаг, ирон, абхазаг, уырыссаг уыцы рæстæджы æбæрæгæй сæфт гоймæгтæ.

«Банысангонд дыууæ гуманитарон механизмы дæр сæ куыст абоны онг æнтыстджынæй æххæстгонд кæнынц. Раст ацы механизмты куысты фæлгæтты æмбырдгонд æрцыд информаци æбæрæг сæфт гоймæтыл, потенцион ингæнтыл æмæ а. д. ацы информацийыл æнгойгæнгæйæ, гæнæн сси уæлдæр ракойгонд нымæцы стæгдарты бацагурын, сæ идентифициркæнынад æмæ сæ сæ бинонтæн адæттын. Ацы механизмтæй дарддæр ма, Сырх Дзуары æхсæнадæмон камитет ноджы аразы сæфт адæймæгты бинонтæн баххуыс кæныны программæйы. Уыдон бынæттон специалисттимæ иумæ (юристтæ, социалон куыстуаты кусджытæ, психологтæ æмæ а.д.) æххуыс кæнынц уыцы бинонтæн, цæмæй чысыл фæрогдæр уа сæ хæстæджыты фæтарыйæ расайгæ рыстдзинад. Комкоммæ ацы стæгдарты сбæрæгкæныны процессы хайад исы Леуан Самхараулийы номыл экспертизæйы национ бюро æмæ ма ноджы цалдæр æхсæнадæмон ДНК лаборатори. Къахтытæ æххæст кæны Сырх Дзуары æхсæнадæмон камитет эксперт-антропологты къорд», - зæгъынц «Сырх Дзуары».

Сырх Дзуары æхсæнадæмон камитет Гуырдзыстоны фæстаг дæсгай азты дæргъы æрцæугæ хотыхджын конфликтты рæстæджы æбæрæг сæфт адæймæгты æрцагурыны программæ 2010 азы райдыдта. Æбæрæг сæфт адæймæгты тыххæй бæрæггæнæнты бацагурын раст ацы периодæй гæнæн сии. Ацы рæстæгмæ æнхъæлц ингæнтыл æмбæлон куыстытæ уагъд цæуы, кæцыйы фæстиуджытыл дæр «Сырх Дзуар» æвæццæгæн дыууæ мæйы фæстæ æрныхас кæндзæн. Уæдмæ та уал 30-æм августы организаци æбæрæг сæфтыты æхсæнадæмон боны Гуры снысан кæндзæн.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.